Дуне кæд æмæ кæд æрчъицыдта, кæд æмæ кæд æрцыд йæхимæ. Кæддæр фæсарæнты нæ, фæлæ Советон Цæдисы дæр бирæтæ кæй нæ зыдтой, уыцы чысыл Хуссар Ирыстон æгас дунейæн йæ былалгъыл абадтис. Хуссар Ирыстон æмæ уыимæ Абхаз дæр нымад æрцыдысты хæдбар республикæтыл. Банымадта сæ, не скаст кæмæ уыд, ивгъуыд æнусы 90-æм азты нæ зæххыл тугкалд чи æрурæдта æмæ нын уæдæй фæстæмæ нæ сабырдзинад йæ фидауынгæнджыты ‘руаджы чи хъахъхъæдта, уыцы Уæрæсе. Æмæ æгас дуне базмæлыд. Ныгуылæн æмæ АИШ цæхгæр рацыдысты йæ ныхмæ, фæлæ фæсæццæ сты – цы бакæной, куыд архайой, уымæн бæлвырд-бæрæгæй ницы зыдтой. Æгæр стыр бæстæ у Уæрæсе, йæ тых, йæ хъомыс ын зонынц, нымайын æй хъæуы. Бирæ бæстæтæ та йе ‘вварс рахæцыдысты æмæ растыл банымадтой Уæрæсейы.

…Августы мæй. Йæ фыццаг бонæй йæ фæудмæ тæвд рæстæг ахаста Хуссар Ирыстоны. Тæвдбарæны амонæн йæхи ивæзта уæлдæрæй-уæлдæр нымæцмæ. Фæлæ уымæн абарæн дæр нæй нæ рес-публикæйы æхсæнадон-политикон цардæн йæ тæвд кæдæм схæццæ ис, уыимæ. Уымæн сабыр цард рахонæн нал уыдис. Мæйæн йæ фыццаг бон изæрæй гуырдзы райдыдтой æхсын арæнгæрон ирон хъæуты, æрæвнæлдтой горæт Цхинвалмæ дæр. Дæргъвæтин рæстæджы йæ æхстой алыгъуызон æхсæнгæрзтæй. Гуырдзиаг гарзджын баиугæндты «куысты» фæстиуæг – мард фесты æхсæз ирон цæрæджы.

Афтæ æндыгъд бонтæ ахаста къуырийы дæргъы. Нæ адæм цардысты хæстон цардæй. Æмæ мæнæ 7 августы Гуырдзыстоны раздзог, чысыл фюрер Саакашвили телеуынынады радзырдта, зæгъгæ, гуырдзыйы фарс иуварсонæй æхстытæ уромы. Кæсыс, ацы æнæсæттон ирæттæ æдзух гуырдзымæ бырсынц, æхсынц сæ, марынц сæ, сæ сæр уынгæджы фæцис, бафæлладысты хæстæй æмæ нал æхсдзысты! Цæвиттон æвдисы ирæттæн, цæмæй уыдон дæр мауал æхсой æмæ раздæхой сабыр цардмæ! Гуманондæр, рæстылдзогдæр ма адæймагæн скæнæн уыдзæн! Фæлæ та ам дæр куыннæ сайдта гуырдзыйы бодз. Махæй, ирæттæй хуыздæр уый чи зоны, гуырдзымæ кæй нæ лæбурæм, кæй сæ не ‘хсæм, сæхæдæг нын кæй кæнынц ахæм митæ. Уæдæ куыд бамбæрстæуа «иуварсонæй æхст æруромын»?

Сабырадыл «тохгæнæг» ацы ныхæстæ куы дзырдта, уæд, æцæгæйдæр, æрбалæууыд сабырад. Хæрз цыбыр рæстæгмæ. Æнхъæлмæ каст, кæд бафынæй уыдзæн горæт. Адæм дæр, ныхас, дам, æрмæст хæйрæджы нæ уырны – баууæндыдысты йæ ныхæстыл æмæ æдыхстæй, тас не ‘нкъаргæйæ, сæ фынты аныгъуылдысты… Сахаты фатæгтæ амыдтой 23 сахат æмæ 30 минуты. Уæдæй рæстæг банымадта зындоны æртæ боны. Цыбыр, фæлæ æмбал кæмæн нæ уыд, ахæм уæззау хæсты æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы. Мах уыдтам, хъуыстам, нæхиуыл æвзæрстам, алыгъуызон хъомысджын хæцæнгæрзты нæрдæй куыд рызтысты хæдзæрттæ, се снарядтæ куыд пырх кодтой горæты, хъæуты, зынджы хай куыд кодтой хуыздæр æмæ рæсугъддæр бæстыхæйт-ты, цæрæн хæдзæртты, танктæй комкоммæ куыд æхстой, адæм кæм нымбæхстысты, уыцы ныккæндтæм, хæдзæртты бахизæнтæм, фынæй горæтыл куыд сфæлвæрдтой æмæхсты системæ «Град». Нæ хæстонтæ мардысты æнæмсæр хæсты, сабыр цæрджытæ цагъды кодтой уынгты, сæ хæдзæртты ныккæндты, фæндæгтыл хæстæй лидзгæйæ. Знагæн йæ нысан уыд Хуссар Ирыстонæй цыбыр æмгъуыдмæ сыгъдæг быдыр, иунæг ирон дæр кæм нал баззадаид, ахæм быдыр саразын. Сæ планæн йæ ном дæр «Сыгъдæг быдыр» рахуыдтой. Нæ фæстæ та Абхазмæ хъуамæ æрæвнæлдтаиккой. Уымæн та рæстæг рахицæн кодтой 48 сахаты.

Фæлæ сæ плæнттæ сæ хъуыры фæбадтысты Хуссар Ирыстоны. Нæ хæстон лæппуты, æххуысмæфæзынæг Уæрæсейы æфсады ‘руаджы. 1920 азы хуссайраг ирæтты фыццаг геноциды фæстæ Уæрæсейы æфсады иуæндæсæм арми æрцыд æмæ гуырдзиаг меньшевиктæй ссæрибар кодта Хуссар Ирыстоны зæхх.

Ныр дæр та нæ уæлхъус æрбалæууыд Уæрæсе, йе ‘фсад æмæ сæрсæттæн цæф фæкодта агрессорæн. Æртæ хатты мах уыдыстæм гуырдзыйы ‘рдыгæй нæ зæххыл физикон æгъдауæй скуынæг кæ-ныны къæсæрыл – æртæ хатты дæр нæ бахъахъхъæдта Уæрæсе. Нырæй фæстæмæ та фидæны фæлтæртæ хызт уы-дзысты радон геноцидæй. Уымæн  æмæ августы æртæбонон æвирхъау  хæстæн  йæ фæстæ  æфхæрд  Хуссар Ирыстоныл  скаст æцæг сæрибардзинады, æцæг хæдбардзинады хур. Уæрæсе нын банымадта нæ хæдбардзинад. Мах систæм æцæг хæдбар паддзахад. Уыцы  цау  æрцыдис 26 августы. Ацы бон æгас Ирыстонæн, ирон адæмæн ссис историон æмæ йæ нырæй фæстæмæ нысан кæндзысты, куыд сæ иууыл ахсджиагдæр, уарзондæр бæрæгбонтæй сæ иу, афтæ.

Ахæм къахдзæф саразын, ома, нын нæ хæдбардзинад банымайын, Уæрæсейæн æнцон нæ уыд ныры дунеон уавæрты, Уæрæсе зыдта, йæ ныхмæ кæй рацæудзысты АИШ, Ныгуылæны бæстæтæ, зыдта, алыварсонæй йыл кæй æндавдзысты, фæлæ уæддæр йæ президент сарæзта ныфсджын къахдзæф. Уымæн æмæ скуынæг кæнынæй тас уыдис йе ‘мбæстæгтæн, хъуыдис сæ бахъахъхъæнын.

Август  –  нæ царды цæхгæр фæивды мæй

Ныр мах, хæдбар паддзахад уæвгæйæ, нæ ахастытæ ног бындурыл, куыд паддзахад паддзахадимæ, афтæ аразæм Уæрæсеимæ. Уый ссис нæ стратегион партнер, нæ æдасдзинады гарант. Мах æнусты дæргъы уыдыстæм Уæрæсеимæ, не скаст уыдис уымæ æмæ ныр æппæт фадæттæ дæр арæзт æрцыдис, цæмæй йæм ноджы æнгомдæр балæууæм.

…Ирыстонæн дыууæ æмарæн сыхаг йедтæмæ нæй. Цæгатæрдыгæй – Уæрæсе, йæ хъахъхъæнæг, йæ ирвæзынгæнæг. Хуссарæрдыгæй та Гуырдзыстон – йæ марæг æмæ куынæггæнæг. Хъыгаг у, тынг хъыгаг, ахæм сыхаг нын кæй басгуыхт. Фæлæ цы кæнæм, хорз сыхагæн нæдæр æлхæнæн ис, нæдæр æй æмбулгæ ракæндзынæ. Гуырдзыстонæн йæ сыхаг дæр æмæ йæ хуыцау дæр у, хъæздыгдæр æмæ тыхджындæр чи уа, уыцы бæстæ. Раздæр сын уый уыд Уæрæсе, ныр та – дард Америкæ. Се ‘мбисонд – сæхи. Мах бафæндид, цæмæй нæ фарсмæ сыхагæн уа хорз бæстæ, хорз паддзахад – Гуырдзыстон.

… Цæуы размæ йæ хæдбар фæндагыл нæ паддзахад – Республикæ Хуссар Ирыстон. Уæззау хæсты, стыр трагедийы хæдфæстæ нæ адæмыл æрцыд стыр циндзинад, нымад æрцыд сæ республикæйы хæдбардзинад. Бирæ, тынг бирæ туг ныккалд уыцы нысанмæ цæугæйæ. Ныр бафтыд нæ къухты. Ныр ууыл тох кæныныл хъуыды кæнын дæр нал хъæуы. Ныр мах хъуыды кæнын хъæуы, нæ цард дарддæр куыд хуыздæр кæнæм, ууыл. Пырхæнтæй, зæгъæн ис, сыстадысты нæ горæт, нæ хъæутæ, æппæт къабæзты дæр, кæд зæрдæйы фæндиаг нæ, уæддæр ивындзинæдтæ цæуы хуыздæрæрдæм. Бирæ хъизæмæртты фæстæ нæ адæм аккаг сты, цæмæй аккаг цард кæной. Хæдбардзинад домы стыр бæрндзиад æмæ махæй алчидæр уый хъуамæ бамбара, банкъара. Йæ тых, йæ зонд, йæ арæхстдзинад æмæ æвзыгъддзинад ма хæлæг кæна нæ бæстæйы размæцыдæн.

Мах дарддæр дæр стыр æххуыс исæм Уæрæсейæ, фæлæ уыцы æххуыс æнустæм нæ уыдзæн æмæ мадæр хъуамæ уа. Мах хъуамæ нæхæдæг саразæм нæ республикæйæ дидинæфтауæг бæстæ. Нæхицæн, нæ кæстæртæн, нæ фидæны фæлтæртæн.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.