15 азы размæ  Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымадта Уæрæсейы Федераци. Дæуæн цы нысан кæны 26 августы бон?

Джиоты Джульетæ – ахуыргæнæг: – Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонмæ куы æрбабырста æмæ уый фæстиуæгæн сæдæгай æнаххос адæм куы бабын сты, уæд мах хъуыды кодтам – æрцыд нæ сæфт. Гуырдзиаг æфсæдтæ ирон зæххыл цы æвирхъау митæ æмæ фыдракæндтæ фæкодтой, уыдон хъæдгомæй баззадысты ирон адæмы зæрдæты. Нæ лæппутæ, æмæ нæ скуынæгæй чи бахъахъхъæдта, уыцы уæрæсейаг фидауынгæнджытæ, кæддæриддæр уыдзысты нæ зæрдæты. Никуы нæ ферох уыдзæнис ирон-гуырдзиаг конфликты Ныгуылæйнаг бæстæтæ сæхи  куыд тъыстой. Растдæр уыдон аххосæй æмæ Гуырдзыстонæн стыр æххуысы фæрцы цагътой ирон адæмы. Нæхи зæххыл нæ бинонты кæй хъахъхъæдтам, уый тыххæй та нæ сепаратисттæ хуыдтой. Махæн та нæ тохы мидис уый мидæг уыдис, æмæ Гуырдзыстон куы сфæнд кодта ССР Цæдисы скондæй рахизын, уæд Хуссар Ирыстоны та уыцы скондæй рахизын нæ бафæндыд. Уый расайдта конфликт ирон æмæ гуырдзиаг адæмы ‘хсæн. Дæхи паддзахады сконды баззайын дæ куы фæнда, уæд уым фыдракæндæй цы ис? Кæй зæгъын æй хъæуы, уый Гуырдзыстоны хицауады зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ пропагандæ райдыдтой,  ома,  ирæттæ сепаратисттæ сты. Æз куыд зонын, афтæмæй та ацы дзырд нысан кæны,  цы паддзахады дæ, уымæй рахизын. Уæдæ ацы фæндагыл Хуссар Ирыстон нæ ныллæууыд, фæлæ Гуырдзыстон.

«Адæймаджы ныхмæ фыдракæндтæ ма хъуамæ баззайой æнæфхæрд»

Бестауты Инал, «Адæмон ныхас»-ы активисттæй сæ иу: Хуссар Ирыстон рагæй архайы, Гуырдзыстон ирæттæн цы геноцид сарæзта, уыцы темæмæ æхсæнадæмон хъусдард раздахыныл. Мах банысан кодтам Хуссар Ирыстоны адæмон геноцидыл 100 азы сæххæсты бон. Ирон адæмы геноциды тыххæй нæм æрмæджытæ фагæй фылдæр ис. Уыдоны дзырдæуы, зæгъгæ, Гуырдзыстоны архайд карзæй халы æхсæнадæмон барады нормæтæ. Халы æхсæнадæмон конвенцитæ æмæ декларацитæ адæймаджы барты тыххæй, куыд сабыр, афтæ хæстон рæстæджыты дæр. Фæлæ Гуырдзыстоны фарсхæцджытæ нæ тагъд кæнынц.

Абон Республикæ Хуссар Ирыстон у хæдбар. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, цы фыдракæндтæ æрцыд, уыдон фæстæ макæмæнуал хъуамæ уа иллюзитæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстонæн иу паддзахады уæвыны тыххæй. Абон алы ирон адæймаджы хæс дæр хъуамæ уа, цы геноцидтæ арæзт æрцыд ирон адæмæн, уыцы трагедиты аххосджынты сæ агрессивон политикæйы тыххæй бæрнмæ æркæнын. Цæмæй дунейы 2008 азы августы трагедийы хуызæн фыдракæндтæ мауал æрцæуа.

Гуырдзыстоны ног хицауады кой куы кæнæм, уæд Хуссар Ирыстонмæ йæ ахаст нæ фæивта. Сæ политикон курс, сæ размæ чи уыд, уыдонæй бирæ ницæмæй хицæн кæны. Официалон Тбилисы, стæй гуырдзиаг æхсæнады дæр нæ фæнды нымайын Хуссар Ирыстон ныр хæдбар паддзахад кæй у, уый.

Хуссар Ирыстоны ныхмæ гуырдзиаг агресси куы æрнымæг, уæдæй абонмæ цы азтæ рацыд, уыдон равдыстой, гуырдзиаг æхсæнад æмæ паддзахад кæй не сты цæттæ æцæгдзинадæн критикон аргъ скæнынмæ, хатдзæгтæ саразынмæ. Сæ маст райсынæй сын дойны у. Хуссар Ир æмæ Абхазмæ сæ позици кæй нæ ивынц, ууыл дзурæг у ахæм факт; Гуырдзыстоны фарс, раздæрау,  нæ разы кæны, юридикон тых кæмæн уа, ахæм документыл йæ къух æрфыссыныл. Женевæйы дискусситы алы раунды дæр дзырд фæцæуы уыцы фарстатыл, фæлæ-та Гуырдзыстон не сразы вæййы.

РХИ-йы хæдбардзинад куы банымадта Уæрæсейы Федераци, уæд, мæй дæр нæма рацыд, афтæмæй 18-æм сентябры сарæзтой хæларад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуысы тыххæй Бадзырд. Ацы Бадзырд нæу æртыккаг бынæтты ныхмæ, йæ нысан у дыууæ бæстæйы æхсæн интеграцийы æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын. Бадзырдмæ гæсгæ Хуссар Ирыстон æмæ УФ-йы æхсæн арæзт кæй æрцыд хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады иумæйаг арæн, уый хæссы сабырад æмæ æдасдзинады иумæйаг стабилондзинад.

Нæ республикæ Хуссар Ирыстон у хæдбар æмæ нымад паддзахад, йæхæдæг бæрæг кæны йæ мидæггагон æмæ æддагон политикæ, йæ адæмы интерестæ хъахъхъæнгæйæ.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.