Гӕззаты Вадимы номыл милицийы сӕрмагонд нысаны къорды дӕлхӕйттӕ ауагътой ерыстӕ марш-бросокӕй. Хайад дзы райстой авд командӕйы, алкӕцы командӕйы дӕр фӕйнӕ ӕх-сӕз адӕймаджы. Лидзгӕ кодтой 8 километры дӕрддзӕг ахӕм маршрутыл – микрорайон «Солнечный»-йӕ Присы хъӕумӕ.
Ерысты хайадисджытӕ уыдысты хӕстон экипировкӕйы ӕмӕ табелон ӕхсӕнгӕрзтимӕ. Чи къаддӕр рӕстӕг бахардз кодтаид дистанци алидзыныл, уый нымад ӕрцыдаид уӕлахиздзауыл.
Командатӕ иууылдӕр равдыстой хорз цӕттӕдзинад ӕмӕ алчи дӕр тырныдта уӕлахизмӕ. Кӕронбӕттӕны рабӕрӕг сты уӕлхахиздзаутӕ – рамбылдта 1-ӕм оперативон ротӕ, дыккаг бынат бацахста 3-ӕм оперативон ротӕ ӕмӕ бронзӕйы призер та ссис 2-ӕм оперативон ротӕ.
Уӕлахиздзауты схорзӕхджын кӕндзысты 14 февралы – ОМОН-ы сырӕзтыл 32 азы сӕххӕсты бон нысан кӕныны рӕстӕджы.
ДЖИОТЫ Алыксандр