Мидхъуыддæгты министрады æхсæн полигоны уагъд æрцыдысты ерыстæ Гæззаты Вадимы номыл Милицийы Сæрмагонд Нысаниуæджы Къорды дæлхæйттæн автомат Калашниковайæ. Ацы ерыстæ развæлгъау  ауагътой, къорды сырæзтыл 29 азы кæй æххæст кæны, уый цытæн. Нырæй фæстæмæ ма ноджыдæр уагъд æрцæудзысты алыгъуызон спортивон мадзæлттæ, кæцытæ фæстаг азты систы традицион, уымæн æмæ уагъд цæуынц æрвылаз дæр.

Ерысты хайадисджытæ полигоны сæххæст кодтой æппæт санитарон нормæтæ дæр коронавирус ма апарахат кæныны тыххæй, уый фæстæ та сын ауагълæуыд инструктаж фыдбылыз ма æруадзын æмæ хи бахъахъхъæныны фæдыл.

Ӕдæппæт командатæ уыдысты фараст æмæ æхстой 100, 200 æмæ 300 метры дæрддзæгтæм. Милмæ æхстой лæугæйæ, уæрагыл бадгæйæ æмæ зæххыл хуысгæйæ фæйнæ фондз нæмыгы. Ерысты фæстиуæгæн фыццаг бынат бацахста 1-æм оперативон ротæ, дыккаг бынатыл ацыд 2-æм моторизацигонд ротæ æмæ æртыккаг бынат та райста 4-æм оперативон ротæ.

Индивидуалон зачеты та фыццаг бынат бацахста механик-шофыр Тедеты Тамаз, дыккаг бынат райста 1-æм оперативон ротæйы командиры хæдивæг Джиоты Игорь æмæ æртыккаг бынатыл та ацыд механик-шофыр Джиоты Юри. Фæуæлахизуæвджытæ хорзæхджын æрцæудзысты 14 февралы, ОМОН-ы сырæзты бон куы нысан кæной, уæд.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.