Гæззаты Вадимы номыл Милицийы Сæрмагонд Нысаниуæджы Къорды дæлхæйттæн азы дæргъы цы ерыстæ цыд, уыдонæн хатдзæгтæ сарæзтой къорды къухдариуæгад, кæцыйы фæстиуæгæн хорзæхджын æрцыдысты фæуæлахизуæвджытæ. Ерыстæ та цыдысты 5 дисциплинæйæ – табелон æхсæнгарзæй æхсынæй, лæгæй-лæгмæ тохтæй, штангæ исынæй, марш-бросоктæй æмæ турникыл хи исынæй. Иумийагæй сисгæйæ фæуæлахиз фыццæгæм оперативон ротæ æмæ сын цытджын æгъдауæй радтой кубок. Ацы кубок азæй-азмæ хизы уæлахиздзаутæм æмæ ныр  фидæн ацафонмæ уыдзæнис ацы ротæйы.

Уымæй уæлдай ма ерысты хайадисджытæ хорзæхджын æрцыдысты кубоктæй, призтæй, грамотæтæй æмæ майдантæй индивидуалон хынцынады. Иумийагæй сисгæйæ инструкторты хъуыдымæ гæсгæ ерыстæ ацыдысты бæрзонд æмвæзадыл. Азæй-азмæ  хуыздæр кæнынц спортсменты бæрæггæнæнтæ æмæ сæ спортивон цæттæдзинад. Уымæй уæлдай ма алкæцы хайадисæгæн дæр уыдис стыр тырнындзинад рамбулынмæ æмæ уый та сæйраг у ахæм ерыстæ уадзыны рæстæджы.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.