Гæззаты Вадимы номыл милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды кусджытæ Мидхъуыддæгты министрады полигоны ауагътой ерыстæ автомат Калашниковæй æхсынæй. Хайад дзы райстой оперативон æмæ моторизацигонд ротæтæ аст командæйæ. Ӕхсгæ кодтой æртæ хуызы дистанцитæм – 100, 200 æмæ 300 метрмæ. Мысанмæ та æхстой æртæ хуызы позицийæ – хуысгæйæ, уæрагыл бадгæйæ æмæ лæугæйæ. Уæлахисдзауты бæрæг кодтой, очкотæ кæцы командæ фылдæр систаид, уымæ гæсгæ. Стæй ма алкæцы хайадисæгæн хицæнæй нымадтой йæ фехсыны фæстиуджытæ æмæ уымæ гæсгæ бæрæг кодтой индивидуалон зачеты фæуæлахизуæвджыты.

Ерысты фæстиуджытæ бахынцгæйæ фæулахиз 2-æм оперативон ротæ, дыккаг бынат райста 4-æм оперативон ротæ æмæ æртыккаг бынат та бацахста 1-æм оперативон ротæ. Индивидуалон зачеты дæр очкотæ банымайыны фæстæ рабæрæг сты уæлахиздзаутæ – иууыл рæстдзæвиндæрыл нымад æрцыдис Гасситы Ви-льям, дыккаг бынатыл ацыд Гуыбаты Алан æмæ бронзæ та фæцис Джиоты Игоры. Уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты кубоктæй æмæ грамотатæй.

Ахæм ерыстæ фæцæуынц æрвылаз дæр планмæ гæсгæ, цæмæй спецкъорды кусджыты цæттæдзинад уа бæрзонд æмвæзадыл.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.