25 азы лæггад кæны,  нæ республикæйы цæрджытæй амалиуæгады хъуыддагыл лæуд чи у, уыдонæн – Республикæ Хуссар Ирыстоны Лицензион управлени.

Лицензион управлени кæмæн лæггад кæны, уыдон, сæйраджыдæр, сты арæзтадон организацитæ, тамакойæ чи базар кæнынц, таксисттæ æмæ æндæр амалиуæггæнджытæ.

Лицензион комитеты сырæзт æнæмæнгхъæуæг уыд æмæ уыцы хъуыддагыл та стыр куыст бакодта Коцты Таймураз. Уый ссис йæ сæргълæууæг дæр. Уæд хуындис Министры Советы цур лицензион комитет. Раст уыцы рæстæджы бацыдис комитетмæ кусынмæ Александр Ефименко дæр. Фæстæдæр та ссис йæ сæргълæууæг æмæ уæдæй абонмæ Александр йæ къухдариуæггæнæджы бæрнон хæстæ æххæст кæны намысджынæй,  æнæзæрдæхудтæй.

Абон дæр ма Александр Ефименко нæ рох кæны, куыстуат фыццаг æрбакондæй цы стыр зындзинæдтæ æвзæрста, уыдон. Уæд рæстæг уæззау уыд, дугивæнтæ кодта. Ивындзинæдтæ цыдис нæ хæстарыд республикæйы куыд экономикæйы, афтæ мидæггагон æмæ æддагон политикæйы дæр. Æмæ царды ивындзинæдтимæ та ивындзинæдтæ цыдис ацы уагдоны. Уымæ гæсгæ архайдтой сæ хъуыдытæ хицауады размæ хæссыныл æмæ домдтой, цæмæй царды биноныг цыдаиккой.

«Аразгæ та сæ кодтам царды домæнтæм гæсгæ. Уæлдай зындæр кусæн уыд хæсты азты. Фæлæ нæ управлени уæддæр йæ куыст никуы ныууагъта, уымæн æмæ хъуыд цæрын, нæ республикæмæ продукттæ æмæ товартæ ласын æмæ сын мах та хъуамæ лæвæрдтаиккам лицензитæ.

2003 азы райст æрцыд паддзахадон закъон æндæр æмæ æндæр хуыз товарты лицензи кæныны тыххæй. Уæд куыстам уыцы закъонмæ гæсгæ. Уый фæстæ ноджыдæр рахастæуыд æртæ закъоны бæрц. Уыдон та уыдысты, баххæст чи æрцыдысты, ахæм закъæттæ. Уыцы ивындзинæдтæ та, сæйраджыдæр, уыдысты æргъты тыххæй. Амалиуæггæнджыты тынг фæцымыдис кæны лицензийы аргъ. Ныртæккæ уый у 800 сомы æмæ йæ исын та фæхъæуы æртæ азы иу хатт. Уыдис ахæм рæстæг дæр, йæ аргъ 1000 сомы бæрц куы уыд. Фæлæ уæззау рæстæджыты, 2008 азы, уый æркодтам 800 соммæ», – радзырдта нын Александр.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй царды домæн уыд, æндæр æмæ æндæр министрадтæ дæр сæ дæлбаруæвæг организацитæн лицензитæ дæттын кæй райдыдтой, уый. Дзырдæн, зæгъæм, Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад ахæм лицензитæ дæтты, аптекæ æрбакæнын кæй фæнды, уыцы амалиуæггæнджытæн. Уыдон сты сæ дæлбаруæвæг ведомствотæ æмæ сыл контроль дæр кæнынц сæхæдæг. Афтæ мидхъуыддæгты министрад дæр лицензитæ æхсæнгарз дарыны тыххæй дæтты йæхæдæг. Экономикæйы министрад та лицензитæ дæтты фæдзæхстон хатырты тыххæй. Финансты министрад дæр йæхæдæг дæтты куыстæн саргъ кæныны тыххæй лицензитæ. Ранымадгонд минист-радтæ лицензи дæттыны хъуыддаджы архайынц закъонмæ гæсгæ.

Закъоны 17 статьямæ гæсгæ  товарты æндæр æмæ æндæр хуызтæн цы лицензитæ лæвæрд цæуынц, уыдон нæ республикæйы территорийы сты 50 бæрц æмæ дзы алы хуыз дæр домы йæхи закъонон акттæ. Александры хъуыдымæ гæсгæ, иугæр ахæм домæнтæ ис, уæд хъуамæ уа арæзт закъонон æгъдауæй. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ахæм лицензитæ 1994 азы кæй лæвæрдта æрмæстдæр сæ комитет. Уæд амалиуæггæнджытæ дæр афтæ бирæ нæ уыдысты, стæй цард куыд æндидзыдта, афтæ уыдон дæр фылдæр кодтой.

«Уæдмæ нæм фæзындис министрадтæ. Фæтыхджындæр стæм экономикон æгъдауæй, фæзындис нын Уæрæсеимæ бастдзинæдтæ æмæ лицензи дæттынæн дæр фæзынд æндæр домæнтæ. Зæгъæм,  объектты арæзтадты тыххæй лицензитæ дæттын æнæмæнгхъæуындзинад фæзынд 2008 азы фæстæ, арæзтадтæ нæм куы фæзынд, уæд. Уымæй размæ ахæм лицензитæ лæвæрд цыд æрмæстдæр цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадтæн», – зæгъы Ефименко.

Ацы аз нæ республикæйы хъæутæм газ кæй уаддзысты, уымæ гæсгæ скъуыддзаг æрцыд, цæмæй сæ дæтта Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы  комитет.

Ныртæккæ республикæйы лицензитæ лæвæрд кæмæн æрцыд, уыдон сты 466 амалиуæггæнæджы, фæлæ управленийы сæргълæууæг куыд зæгъы, афтæмæй вæййы афтæ дæр, æмæ хицæн амалиуæг-гæнджытæ сæ лицензи адарддæр кæ-нынмæ нал æрбаздæхынц, уымæн æмæ дзы бирæтæ фæивынц сæ амалиуæгад.

Ныртæккæ лицензион управленийы ис 24 кусæджы бæрц. Архайы дзы дыууæ хайады. Уыдонæй сæ иу архайы арæзтады, иннæ та – базадары хаххыл. Ис сæм сæйраг æмæ амонæг специалисттæ. Уыдонæн фадат вæййы, цæмæй 10 боны æмгъуыдмæ æркæсой æмæ сбæлвырд кæной, амалиуæггæнæгмæ лицензи æмбæлы æви нæ. Лицензи та лæвæрд æрцæуы сæрмагонд къамисы уынаффæмæ гæсгæ.

Андрей Ефименко куыд зæгъы,  афтæ-мæй сын уæлдай зындзинæдтæ лицензи райсыны тыххæй æвзарын кæнынц таксисттæ. Уыцы лицензиты аргъ кæд афтæ бирæ нæу, афæдз сæм 300 сомы дæр не ‘мбæлы, уæддæр æргомæй равдисынц се ‘нæразыдзинад, зæгъгæ, махæн дæр Хицауад ницы аразы. Уыдон хъуамæ æмбарой, сæ куыст кæй кæнынц нæ республикæйы территорийыл æмæ сын уыцы бартæ та кæй дæтты нæ республикæйы хицауад. Лицензи чи райста, уыдон сты 50 таксисты бæрц. Фæлæ иннæтæм кæсынц уыдон дæр æмæ æвдисынц се ‘нæразыдзинад.

– Цæй, бæрæгбон у, 25 азы сæххæст нæ управленийыл æмæ хъаст кæнын дæр аив нæу. Уымæ гæсгæ мæ зæрдæбынæй раарфæ кæнын фæнды нæ кусджытæн, æппæт амалиуæггæнджытæн æмæ нæ республикæйы цæрджытæн дæр. Ног азы къухты бафтыдыстæм æмæ нын амондджыны, æнæнизы аз фæуæд. Алкæмæн дæр нæ йæ зæрдæйы хорзæй цы фæндтæ ис, уыдон дзæбæхæй сæххæст уæд.

Бестауты Валя  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.