РАЗАМОНÆГ КАДРТÆН  –  ДЫККАГ ФÆЛВАРÆН

Цæгат Ирыстоны уæлдæр ахуыргæнæндæтты рауагъдонтæй разамонæджы бынатмæ æнцонæй ничиуал бацæудзæн, цасфæнды бастдзинæдтæ æмæ йæм зонындзинæдтæ куы уа, уæддæр. Æмбæхсинаг нæу, разамонджыты бынæттæм чи баирвæзы, уыдонæн сæ фылдæрмæ цы зонындзинæдтæ вæййы, уый. Уымæ гæсгæ, ныр дыккаг аз республикæйы Сæргълæууæджы Барамынды бындурыл куыст цæуы разамонæг кадртæ цæттæ кæныныл. Разамонæджы бынатмæ чи тырны, уыдон ныр рацæуынц уæлæмхас конкурс. Фæсивæдæн конкурс ауадзынц ахуыргæндтæ, цы къабазы уа, уый разамонджытæ. Æппæтæй дæр цæттæ чи уа, конкурс æнтыстджынæй чи рацæуа, уыдон бахауынц фидæны разамонæг кадрты резервмæ.

Ивгъуыд азы кæрон амынд конкурсмæ бахауыны фæдыл куырдиæттæ балæвæрдтой 200 адæймаджы. Уыдонæй конкурс æнтыстджынæй рацыдысты 20 æрыгон специалисты.

Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз арфæ ракодта конкурсы уæлахиздзаутæн. Куыд банысан кодта, афтæмæй фидæны ацы æрыгон специалисттæ кусдзысты республикæйы райрæзты проекттыл. Ныр та уал конкурсы уæлахиздзаутæй алкæй дæр сбæлвырд кæнын хъæуы, йæ хъарутæ кæцы къабазы бавзардзæн, уый. Уый фæстæ кадрты резервы уæвæг фæсивæд комкоммæ фидаргонд æрцæудзысты Хицауады Сæрдары хæдивджытæ æмæ профилон министрадтæм, цæмæй сын уыдон сæ фæлтæрддзинадæй фæхай кæной æмæ сын сæ архайдæн аргъ скæной.

Ныртæккæ уал сæ алчидæр хъуамæ бацæттæ кæна йæ равзæрст къабазы райрæзты проект. Уый уал уыдзæн сæ зонындзинæдты райдайæн.

 

НÆ ХÆС  –  ÆРДЗЫЛ  АУДЫН

Тагъд рæстæджы Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты цур чи байгом уыдзæн, уыцы центр кусдзæн хъæууон хæдзарады къабазæн нырыккон сæудæджерадон технологитæ цæттæ кæныныл.

ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан куыд радзырдта, афтæмæй ног центр йе ‘ргом фылдæр аздахдзæн биоэтанолы куыстад рапарахат кæнынмæ. Уый хъæууон хæдзарады къабазы рæзтæн уыдзæн иттæг ахъаз. Уыцы продукцийы рауагъды технологийыл ныридæгæн специалисттæ кусынц. Уыимæ ма ног центр кусдзæн æндæр промышленон технологитæ дæр цардмæ уадзыныл.

Биоэтанол уадзыны тыххæй дыууæ азы размæ Цæгат Ирыстоны Парламент бацæттæ кодтой закъоны проект æмæ йæ Паддзахадон Думæйы депутаттæ сфидар кодтой 2018 азы ноябры мæйы. Ацы зайæгойтæй арæзт хомагæн йæ хорздзинад уый мидæг ис, æмæ йæ, артагмæ æфтаугæйæ, нæ алыварс æрдз хъахъхъæд цæудзæн æнæниздзинадæн зианхæссæг газтæй, стæй бирæ къаддæр хъæудзæн артаг машинæты.  Ацы закъон уæлдай хъæугæ у мах республикæйæн. Фыццаджыдæр, бирæ рæстæг æгуыстæй цы спиртуадзæн заводтæ лæууынц, уыдон, ног закъоны проектмæ гæсгæ, рахиздзысты биоэтанол уадзынмæ, сæ куыст размæ ацæудзæн, фæзындзæн куысты бынæттæ, стæй республикæйы бюджетмæ та æфтиæгтæ æрбацæудзæн æмæ уый хорзæрдæм фæзындзæн республикæйы социалон-экономикон уавæрыл. Фæлæ, сæйрагдæр та, артагыл æй хæццæ кæнгæйæ, хъæстæ газтæй нал хуыдуг кæндзыстæм.

Хъæбæр нозт уадзыны паддзахадон управленийы хицау Хидирты Батраз куыд фехъусын кодта, афтæмæй республикæйы куыстой 25 спиртуадзæн заводы, ныр ма дзы иугæйттæ кусы. Йæ аххосаг – нæй лицензи. Стæй дæр, æппæт заводтæ куы скусой, уæд æгæр бирæ уыдзæн сæ товар. Уымæ гæсгæ аздæхын хъæуы биоэтанолы куыстмæ. Ныртæккæ йæ фылдæр уадзынц Америкæ æмæ Бразилийы, фæлæ сæ продукци æнæхъæн дунейæн нæ фаг кæны.

Ныртæккæ уал Дзæуджыхъæуы биоэтанол уадзы æрмæстдæр иунæг завод “Миранда”. Республикæйы разамынд куыд зæгъынц, афтæмæй ацы аз скусдзысты ноджыдæр цалдæр заводы.

Джусойты Нинæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.