Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин йæхимæ райста Национ музейы директор Зассеты Мерабы. Уынаффæ кæныны темæ уыд музейыл 100 азы сæххæсты цытæн юбилейон бæрæгбон.

Хицауады Сæрдар раарфæ кодта Зассеты Мерабæн ахæм нысаниуæгджын боны тыххæй, кæцы официалонæй нысан цæуы 31 марты, æмæ йæ цæст бауарзта музейы æппæт коллективæн дарддæры æнтыстджын куыст.

«Сæдæ азы æххæст кæны Национ музей – республикæйы иууыл сæйрагдæр культурон центртæй сæ иуыл. Уый махæн у ахсджиаг цау. Æз зонын, сымах уæ хъуыддаг зæрдæйæ  аразут æмæ æппæт тыхтæ дæттут музейы хъуыддаг рæзынæн, кæцы лæггад кæны адæмæн. Бузныг дæуæн æмæ æппæт коллективæн уæ цæсгомджын куысты, нæ адæмы истори æмæ культурæ хъахъхъæнын æмæ популяризаци кæныны тыххæй», – загъта Джуссойты Константин.

Зассеты Мераб бузныг загъта Хицауады сæргълæууæгæн йæ хъарм химæрайст æмæ арфæты тыххæй, радзырдта юбилейы фæлгæтты æмæ музейы дарддæры рæзтæн плангонд мадзæлтты тыххæй.

Уый фехъусын кодта, зæгъгæ, уæрæх фотоæрмæджытæ æмæ музейы экспозициты фæдыл лæмбынæг информациимæ зæрдылдарæн чиныг-альбом, буклеттæ, сувенирон продукци рауадзынмæ бацæттæ кæнынæн  развæлгъау егъау куыст бакодтам, æмæ банысан кодта, юбилейон мадзæлттæ уагъд кæй æрцæудзысты майы.

«Бузныг зæгъын мæ фæнды дæуæн, Константин Хасаны фырт æмæ дæ номæй республикæйы къухдариуæгадæн  Национ музейы  рæзты фарстатæм хъусдарды, ирон адæмы культурон бынтæ хъахъхъæнын æмæ рæзын кæныны тыххæй. Юбилей нын у серьезон, ахсджиаг, æмæ нæ фæнд у афтæ йæ банысан кæнын, цæмæй уый рауайа, фадатмæ гæсгæ, ирд æмæ зæрдылдаргæ. Музей у удæгас организм, кæцы иу ран нæ лæууы. Мах кусæм музейы архайд дарддæр фæхуыздæр кæныныл, фæнды нæ интерактивон экспонаттæй йæ рауæрæх кæнынмæ. Нырыккон музей æдзухæй кусы æрбацæуджытимæ. Махæн ахсджиаг у, цæмæй музеймæ фылдæр цæуой республикæйы фæсивæд æмæ уазджытæ», – загъта Зассеты Мераб.

Хицауады Сæрдар байхъуыста музейы директоры æппæт фæндтæм, æмæ ныфс бавæрдта, республикæйы къухдариуæгад цæттæ кæй у Национ музейы хъуагдзинадтæ аиуварс кæнынмæ, æмæ æппæт дæр кæй сараздзæн, цæмæй разылæууæг хæстæ скъуыддзаг æрцæуой, уый тыххæй.

«Национ музей, куыд социокультурон институт, хъуамæ цæра æмæ рæза дуджы домæнтæм гæсгæ. Саргъгæнæн нæй йæ хъомылгæнæн æмæ рухстауæн куыстæн. Ахсджиаг у, цæмæй фылдæр адæм, уæлдайдæр фæсивæд, ахуырдзаутæ зонгæ кæной сæ Райгуырæн зæххы историимæ», – загъта  Джуссойты Константин.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.