Ирыстоны адӕм сæрыстыр кæмæй сты, мыггаджы фарн æмæ кад бæрзонд чи хæссы, уый цардмæ мулчы цæстæй никуы акаст. Алыран дæр, кæм кусы, кæм архайы, уым кæны æнæхин фæллой, ис дзы кад. Зелимы мидисджын цард абон бирæтæн у цӕвиттойнаг, æххæст кæны фыдæлты фæдзæхст – мыггаджы, хъæубæсты, Ирыстоны кадыл кад æфтауын. Фыдыбæстæ уарзын, хъахъхъæнын, адæмæн цæстуарзонӕй лæггад кæнын, фæзминаг сты йæ удыхъæды ми-ниуджытæ. 1992 æмæ 2008 азты историон цауты Зелим, йæ хæстон фыдæлтау, раззагдæртимæ æрлæууыд тыхгæнæгæн ныхкъуырд радтынмӕ. Адæймаг йæ зæрдæ бæллиццаг хорздзинадыл куы дара, уæд æм ныфс дæр ис æмæ цардбæллиц дæр. 

Ацы фæрнджын зæххыл хорздзинадæй цы ис, цард рæсугъд æмæ амондджын цæмæйдæриддæр у, уыдон сты адæймагæн йæ зæрдæйы рухс æмæ йæ хъазуатон фæллойæ арæзт. Рагæй-æрæгмæ  ирон цард рæсугъд у хистæр æмæ кæстæры æгъдауæй. Хистæртæ кадджын кæм сты, кæстæртæ – амондджын, ахæм царды адæймаг йæ цæстыдзагæй кæсы, риуыдзагæй улæфы. Хорз байзæддагæн сæ царды мидис амад у рæстдзинады бæрцбарæнтыл, фидар фæтк æмæ уагæвæрды хорзæхтыл.

Бирæ ис Ирыстоны хорз лӕгтæ, рагфыдæлты намыс æрмынæг кӕнын чи нæ уадзы, ахӕмтӕ.  Циндзинады куы ракувынц, зианы куы раныхас кæнынц, уæд сæм адæймаг хъусынæй нæ фефсæды. Цавæрфæнды  дзырдаивады  дæсны дæр сæм сцымыдис вæййы. Хъæлæс дæр уды кондмæ  гæсгæ у, фæлмæн ныхас удæн æхсызгондзинад хæссы, зæрдæмæ тынгдæр хъары, цардбæллон æй кæны. Уататы Зелим куывды кæнæ чындзæхсæвы куы скувы, зианы куы радзуры, уæд йæ дзырд, йæ алы хъуыдыйад дæр зонд у, зæрдæйыл æмбæлынц, дзуры цыбыр, мидисджын æлвæст хъуыдытæй. Æвзаджы сыгъдæгдзинад уды  куырыхондзинадыл дзурæг у. Секъайы загъдау, хорз лæджы фæстæ мæргътæ дæр тæхынц, хорз лæджы фæд зæйы бын дæр нæ сæфы, хорз хистæр фидæны, сомбоны фæлтæры, фылдæр æмæ хуыздæрæй тынгдæр ницæмæ тæхуды кæны.

О, ис ахæм адæймæгтæ, æмæ æрмæст сæ фарсмæ куы лæууай, семæ куы ныхас кæнай, уæддæр дæ тавдзысты сæ удты хъармæй. Уататы Зелим уыцы фарнæй хайджын у, æмæ адæмы тавы йæ уды хъармæй. Йæ къух кæмæн амоны, ахæмтæ гыццыл нæй нæ алыварс, фæлæ дзы стæмтæ сты удæй рæдау. Зелим кæмæн баххуыс кодта, бузныг дзы чи у, уыцы адæймæгтæ та тынг бирæ сты. Сгуыхт у æцæг лæджы фæзминаг миниуджытæй – йе ‘гъдауæй, йæ ирондзинадæй. Ирон лæджы цытджын хæс Зелим æххæст кæны фæрнæй, адæмæн та у ныфсы мæсыг, æууæнчы гæнах. Цы ма уа уымæй арфæйагдæр хъуыддаг!

Цард кӕмӕй фидауы, йӕ фыдӕлты зӕхх бахъуаджы сахат йӕ риуӕй чи бамбӕрздзӕн, Ирыстоны уыцы иузӕрдион хъӕбул Уататы Махарбеджы фырт Зелимханыл сӕххӕст ӕвдай азы. Фӕлӕ уый кӕй бауырндзӕн, йӕ кар ӕвдисӕндармӕ йын чи ‘ркӕса, уыдонӕй – кӕй хъуамӕ бауырна, ацы хуыцауысконд, уӕнгрог ӕмӕ фердӕхтджын адӕймагыл уый бӕрц азтӕ цӕуы, уый… Кӕд ӕмӕ зонӕм – Хуы-цау ма зӕгъӕд, фӕлӕ та ирон адӕмыл уӕззау бонтӕ скодта, зӕгъгӕ, уӕд та ӕрыгон лӕппуты разӕй уый балӕу-дзӕн йӕ риуӕмбӕрц фыдыбӕстӕ бахъахъхъӕныны сӕрвӕлтау  тохы.

Уататы ныфсы лӕг Зелим цардӕн йӕ ӕрфыты цӕуын, йе знӕт цӕвӕнты ныхмӕ лӕууынӕн райгуырд. Иу миниуӕг та йӕм уый ис, ӕмӕ адӕмӕн цы бирӕ хӕрзты бацыд, уыдӕтты кой йӕхӕдӕг ницӕй тыххӕй ракӕндзӕн, йӕ сӕрмӕ йӕ нӕ бахӕсдзӕн. Йӕ раттӕг Ирыстон ӕмӕ ирон адӕмӕн цы иузӕрдион лӕггад фӕкодта ӕмӕ сын цы ӕвӕджиауы хӕрзты бацыд, уыдӕтты тыххӕй йыл фыст ӕрцыд зарджытӕ. Бӕтӕхъойыхъӕуы хистӕрты куырдиатмӕ гӕсгӕ йыл поэт Чеджемты Геор ныффыста дыууӕ зарӕджы.

Зелим райгуырд ӕмӕ схъомыл, Советон Цӕдисӕн ӕртӕ хъӕбатыры чи схъомыл кодта, уыцы Зӕронд Бӕтӕхъойыхъӕуы ӕгъдауылхӕст бинонтӕ ӕмӕ фӕрныджын хъӕубӕсты ‘хсӕн. Йӕ ныййарджытӕ Махарбег ӕмӕ Тамарӕ уыдысты хъӕубӕсты уд ӕмӕ дзӕцц, сӕ намысджын фӕллой ӕмӕ цӕстуарзондзинады тыххӕй. Сӕ фарн фӕхӕццӕ, цы ӕхсӕз фырты схъомыл кодтой уыдонмӕ дӕр. Сахуыр сӕ кодтой фыдыбӕстӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕныныл. Сомбон уӕ зӕрдӕмӕ кӕй хӕссат, ӕфсӕрмы цӕмӕй кӕнат, ахӕм хъуыддӕгтӕй хъуамӕ уӕхи хизат кӕддӕриддӕр, ахӕм сын уыд сӕ уӕздан ӕмӕ куырыхон фыды фӕдзӕхст, мӕнӕ абон дӕр Зелим кад ӕмӕ радӕй кӕй ӕххӕст кӕны, уыцы фӕдзӕхст.

Зелим ӕфсадӕй куы ӕрцыд, уӕд куыднӕ тагъд кодтаид хӕдзармӕ, йӕ бинонты фенынмӕ, фӕлӕ кӕрты дуарӕй куы бахызт ӕмӕ йӕ фыд Махарбеджы кӕрты лӕугӕ куы ауыдта, уӕд сагъдӕй баззад. Фыд ӕмӕ фырты ‘хсӕн цы ирон уӕздандзинад ӕмӕ ӕгъдауы ахастытӕ уыд, уыдон сын бар нӕ лӕвӕрдтой кӕрӕдзийыл зӕрдиагӕй бацин кӕнынӕн, ӕмӕ ирон ӕфсарм, кӕм ӕрлӕууыд, уыцы бынатӕй фезмӕлын нал суагъта ӕвзонг лӕппуйы. Дыууӕ азы цы фыды уындмӕ бӕллыд, уымӕн йӕ цин равдисын нӕ бауӕндыд; уӕдӕ дыууӕ азы, йе ‘фсӕддон  фырт ӕгас хӕ-дзар ссара, уый тыххӕй Хуыцаумӕ цы фыд куывта, уый дӕр ахӕм уавӕры куыднӕ уыдаид. Æмӕ фыд, йӕ зӕрдӕйы цин тыхӕмбӕхст кӕнгӕ, цӕхӕрадонмӕ ахызт, цӕмӕй йӕ фырт кӕрты ӕрбахизӕны дурдзавдӕй мауал лӕууа, фӕ-лӕ бацӕуа хӕдзармӕ, ӕмӕ йыл бацин кӕной, ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕ уындмӕ чи бӕллыд, уыцы бинонтӕ.

Уыцы ӕнӕферохкӕнинаг цауы тыххӕй Зелим йӕхӕдӕг афтӕ фӕзӕгъы:

– Уый раст ӕгъдау у. Ома мӕ нӕ фыд уарзгӕ нӕ кодта, ӕхсызгон ын нӕ уыд мӕ уынд, ӕмӕ уый тыххӕй афтӕ бакодта? Нӕ, уый ирон ӕгъдау ӕххӕст кодта. Уыцы ӕгъдау алкӕмӕн дӕр ӕххӕст кӕнинаг уыд. Афтӕ хъуамӕ уаид абон дӕр, фӕлӕ, хъыгагӕн, нал у афтӕ. Ныр фырттӕ сӕ фыдтимӕ фынгыл иумӕ дӕр рабадынц.

Бирӕ уарзта Уатайы-фырт йӕ ныййарджыты. Æвӕццӕгӕн ын ныййарӕгау адджын дӕр уымӕн у йӕ фыдӕлты зӕхх, йӕ Ирыстон. Нӕй сын фӕхицӕн кӕрӕдзийӕ. Зелимӕн Стыр Хуыцауӕй лӕвӕрд сты ӕрдхӕрӕны лӕгдзинад ӕмӕ намыс. Зелим у, адӕм кӕуыл ӕууӕндынц, бахъуаджы сахат кӕй фӕдыл ацӕудзысты, ахӕм национ хъайтар, дзырддзӕугӕ ирон лӕг. Уымӕн ӕмӕ йӕ царды алы къахдзӕфы дӕр ис арф мидис, йӕ алы дзырды дӕр уӕз ӕмӕ бӕркад.

Ӕнцон ӕмӕ лӕгъз нӕ уыд нӕ юбиляры царды фӕндаг, куыд фӕзӕгъынц, кӕйдӕртау ӕм цӕттӕввонгӕй ницы ӕрхауд ацы царды. Хуымӕтӕджы кусӕгӕй райдыдта кусын автоколоннӕйы, цы ран схызт директоры бынатмӕ. Уӕлдӕр ахуырад райста Кисловодскы, каст фӕцис экономикӕ ӕмӕ барады институт. Куыста сӕйраг инженерӕй, цалдӕр бынаты разамонӕгӕй. Йӕ куыстуарзондзинад ӕмӕ намысджын фӕллойы фӕрцы ссис ӕнтыстджын амалхъом адӕймаг, фӕлӕ йӕхи хъӕздыгыл никуы нымадта, стӕй йын йӕ ӕнтыстджын бизнесӕй нӕй йӕхи схъӕздыг кӕныны фадат дӕр, уымӕн ӕмӕ йӕм цы ӕфты, уый , ӕххуысхъуаг организацитӕ, тыхст уавӕры чи бахауы, ахӕмтӕн сӕ дӕтты, ӕвӕрӕнтӕ нӕ кӕны. Уымӕн ӕй уарзынц адӕм. Байхъусӕм ма журнал «Мах Дуг»-ы сӕйраг редактор Хетӕгкаты Оксанӕмӕ: «Никуы мӕ ферох уыдзӕн, Зелим Цӕгат Ирыстон ӕмӕ  Хуссар Ирыстоны адӕмон артисткӕ Галуанты Людмилӕйӕн фыртау куыд лӕггад кодта, уый. Куы йӕм хӕдзармӕ уад, куы – рынчындонмӕ. Арӕзта йын ӕппӕт уавӕртӕ дӕр. Иу рӕстӕджы ӕвдисӕн уыдтӕн, Галуанон дзы афтӕ сӕфсӕрмы, операцийы фӕстӕ йӕ хъӕдзармӕ куы рафыстой, уӕд ӕмӕ йын афтӕ зӕгъы: «Бахатыр кӕн, Зелим, уӕндгӕ дӕр дӕм нӕ кӕнын фырӕфсӕрмӕй, фӕлӕ мӕ цы хорздзинад зоныс, цы хӕсджын мӕ дӕ, цӕмӕй мын афтӕ зӕрдиагӕй лӕггад кӕнай, ӕмӕ та уытӕппӕт хӕрдзтӕ дӕхимӕ райсай?». Зелим ӕм рӕвдаугӕ цӕстӕнгасӕй бакаст, ӕмӕ загъта: «Людӕ, ды Ирыстонӕн цы хӕрзты бацыдтӕ, уый фӕстӕ дӕ алы ирон адӕймаг дӕр у хӕсджын».

Ахӕм зӕрдиаг лӕггад фӕкодта нӕ фарны лӕг Нафийӕн дӕр. Иудадзыг йӕ уӕлхъус уыд, цы йын аххуыс кӕна, цӕмӕй йӕм фӕкӕса, уыдӕттӕ йын уыдысты закъонбӕрцоны хуызӕн.

Зелим йӕ бизнес ӕмӕ хӕрзаудӕн архайды ӕмрӕнхъ активон хайад исы паддзахадон хъуыддӕгты дӕр. Адӕм ӕй дыууӕ хатты равзӕрстой Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Парламенты депутатӕй ӕмӕ алы хатт дӕр уыд Ирыстон ӕмӕ адӕмы лыггӕнинаг проблемӕтӕ зӕрдиагӕй скъуыддзаг кӕныны зиууон.

«Нӕ фыдӕлтӕ Зелимы хуызӕн ӕгъдауджын, рӕстдзинадыл дзурӕг, лӕгдзинадӕй ӕххӕст ӕмӕ ӕхсарджынтӕй дзырдтой, кадыл мӕлгӕ лӕг у, зӕгъгӕ. Афтӕ фыдгӕнӕгӕн ныхкъуырд лӕвӕрдта 1992 азы мӕхъӕлимӕ хӕсты, Хуссар Иыстонмӕ гуырдзы куы ӕрбабырстой, уӕд дӕр. Уӕдӕ фӕстаг аст азы та архайдта Донецк ӕмӕ Луганскы адӕмы сӕрибардзинадыл. Йӕ номӕй фӕбузныг сты ӕппӕт Ирыстонӕй. Цыбыр ныхасӕй, Зелим у стыр патриот. Рӕзгӕ фӕлтӕры хъомыладӕн йӕ алы къахдзӕф дӕр у дӕнцӕг», – зӕгъы инӕлар-булкъон Суанты Станислав.

Йӕ ном фехъусгӕйӕ цӕстытыл ауайынц нӕ иууыл фыдӕвзарӕнты йӕ лӕгдзинады хъуыддӕгтӕ – 1992 азы Ирыстонӕн куыд йӕ хуссар хайы, афтӕ йӕ цӕгат хайы дӕр. Уый фӕстӕ та 2008 азы тугуарӕн хӕст, ӕмӕ та Зелимы карды комыл цӕугӕйӕ бахъуыд йӕ фыдыбӕстӕ ӕмӕ йӕ раттӕг адӕммӕ йӕ уарзондзинад равдисыны сӕр. Æгӕрон сты йӕ лӕггӕдтӕ фыдыбӕстӕйы раз, уый аккаг ныхӕстӕ зын ссарӕн сты. Йемӕ лӕгӕй-лӕгмӕ зонгӕ чи нӕу, йӕ цард, йӕ архайды хабӕрттӕ йын лыстӕггай чи нӕ зоны, ахӕмӕн ныхӕстӕй нӕ равдисдзынӕ, Уататы Зелим чи у, ирон адӕмы ‘хсӕн ын цы бынат ис, уый.

Бирӕ сты Зелимӕн кадгӕнӕг кады нысӕнттӕ. Алы ӕмӕ алы рӕстӕджыты хорзӕхджын ӕрцыд: «Республикӕ Хуссар Ирыстоны Хӕлардзинады орденӕй», «Армийы инӕлар Плиты Иссӕйы орденӕй», майдантӕ «Ирыстоны намысӕн», «Кады Нысан», «Æхсардзинад ӕмӕ лӕгдзинады тыххӕй», «Фыдыбӕстӕйы ныфсы тыххӕй», «Гуырдзыстоны сабырдзинадмӕ æркæныны операцийы архайӕг», «Хъырым фӕстӕмӕ ӕрбаздахыны тыххӕй», «Уӕрӕсейы хъазахъаг змӕлды йе сгуыхтдзинӕдты тыххӕй», «Терчы хъазахъаг змӕлды сӕрмагонд ӕнтыстдзинӕдты тыххӕй» ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Фӕлӕ Зелим уыдоны кой скӕнын дӕр нӕ уарзы, хъазгӕйӕ сӕ «значоктӕ» цы схоны, ӕн-дӕр, уымӕн ӕмӕ кады нӕмттӕ, хорзӕхтӕм никуы тырныдта. Уатайы-фыртӕн Хуыцауӕй зӕххы ‘хсӕн ис ӕрмӕстдӕр иу хорзӕх, цы адӕмӕн лӕггад кӕны, уыдоны хорзӕх ӕмӕ уарзондзинад. Æмӕ йын уыцы адӕм раджы саккаг кодтой, аргъ кӕмӕн нӕй, ӕмӕ гӕххӕттыл ныффысгӕйӕ чи нӕу, ахӕм хорзӕх – Ирыстоны уарзон хъӕбул. Хъазахъаг ӕфсады инӕлар Едзиты Харитоны загъдау  «Зе-лим адӕмӕн у ӕнӕкаст чиныг, махӕн та нӕ сомыгӕнӕн ӕфсымӕр».

Амондджын у хисӕрмагонд царды дӕр Зелим. Йӕ цыппар фырты Бимболат, Тамерлан, Зауырбег, Артур ӕмӕ йӕ чызг Тамарӕ дӕр сӕ фыды фӕзмынц, сӕ фыды царды къахдзӕфтыл цӕуынц. Уыдонӕн дӕр сӕ царды сӕйраг нысан сӕ радтӕг адӕмӕн балӕггад кӕнын, Ирыстонӕн исты хорзы бацӕуын у. Дарддӕр ӕххӕст кӕнынц, Уататы хӕдзары тырысайау бӕрзонд ӕвӕрд чи уыд ӕмӕ у, уыцы фарны фӕдзӕхстытӕ: Бинонтӕй куы цӕуай, уӕд хъахъхъӕн бинонты кад, хъӕубӕстӕй куы цӕуай, уӕд – хъӕубӕсты кад, Ирыстонӕй куы цӕуай, уӕд та – Ирыстоны кад…

17-майы, Зелимыл 70 азы сӕххӕсты бон йӕ бирӕны-мӕц хӕлӕртты бӕргӕ бафӕндыд, цӕмӕй йӕ Хуыцауыл ӕртӕ чъирийӕ уӕддӕр бафӕдзӕхсой, фӕлӕ сӕ Зелим ской кӕнын дӕр нӕ буагъта. Украинӕйы, дам, нӕ лӕппутӕ сӕ туг калой, мах та, дам, нӕхицӕн ӕртыгай чъиритӕй кувӕм… Æмӕ загъта:

– Мӕнӕн лӕджы къухрайст у ӕппӕтӕй зынаргъдӕр хӕрзиуӕг.

Хуыцау дын макуы байсӕд уыцы хӕрзиуӕг, Ирыстоны ныфсы лӕг!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.