Уалдзæг нæм фарны къах куы æрбавæры, уæд Ирыстоны дзыллæтæ 15-æм майы цытджын уавæры банысан кæнынц Ирон æвзаджы бæрæгбон. Ацы нысаниуæгджын бонæй кæд ныр къуырийæ фылдæр рацыд, уæддæр нырма дæр мадæлон æвзаджы бæрæгбоны цытæн уагъд цæуынц алыгъуызон мадзæлттæ нæ республикæйы алы æмæ алы уагдæтты.

Ирон æвзаджы боны цытæн Ленингоры районы Хуриты Гивийы номыл Цъинагары астæуккаг скъолайы уагъд æрцыд гом урок 8, 9, 10 æмæ 11-æм кълæсты ахуыргæни-нæгтæн. Мадзал сорганизаци код-той ацы ахуырадон уагдоны ирон æвзаг æмæ литераутрæйы ахуыргæнджытæ Хъодалаты Мери æмæ Мæргъиты Фаризæт. Гом урокмæ æрбацыдысты Ленингоры районы администрацийы ахуырады хайады сæргълæууæг Сланты Мадинæ, ахуыргæнджытæ, скъолайы директор Гуссойты Ласкойы сæргълæудæй æмæ æндæр уазджытæ.

Гом урок байгом кодта Хъодалаты Мери. Уый мадæлон æвзаджы бæрæгбоны цытæн раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн. Уый фæстæ бакаст доклад, цыран  лæмбынæг æрдзырдта зынгæ ирон разагъта адæймæгтæ – Тыбылты Алыксандр, Брытъиаты Елбыздыхъо, Цомахъ, Нафи æмæ æндæрты тыххæй. Нæ адæмæн стыр лæггад бакодта Иры номдзыд лæг Абайты Ва-со йæ бирæвæрсыг æмæ бындурон иртасæн куыстытæй. Загъта, зæгъгæ, уыдон ирон литературæйы къæ-бицмæ цы стыр хуынтæ бахастой, уыдонæн саргъгæнæн дæр нæй.

Уый фæстæ та доклад бакаст Мæргъиты Фаризæт, цыран æрдзырдта зынгæ ахуыргæндтæ Андрей Шегрен æмæ Всеволод Миллеры тыххæй. «Бирæ зындзинæдтæ федтой нæ фыдæлтæ, фæлæ уæддæр нæ фесæфт, нæ бамыр ирон нæргæ дзырд. Нæ фæцудыдта ирон лæг, нæ бауагъта мæлын æппæты стырдæр хæзна – фыдæлты æвзаг. Хъуамæ нæ таурæгътæй, нæ рæсугъд æвзагæй мацы фесæфа. Уыдон канд нæхи адæммæ не ‘вдыстой цымыдисдзинад, фæлæ ма æппæт бæстæйы дæр цы стыр ахуыргæндтæ уыдис, уыдон сæ стыр æнувыдæй иртæстой. Зæ-гъæм, Всеволод Миллер, Андрей Шегрен æмæ æндæртæ. Шегрены номимæ баст у ирон æвзаг ахуыр кæныны райдайæн этап. Уый дыууæ азы фæцардис Кавказы, сахуыр кодта ирон æвзаджы диалекттæ. Дзырдта сыгъдæг ирон æвзагыл. Сæрдæй, зымæгæй зылди ирон хъæутыл, ахуыр кодта ирон адæмы истори æмæ æвзаг. Ныффыста ирон æвзаджы фыццаг грамматикæ (1844 аз). Ацы чиныг ссис фидар бындур ирон æвзагзонынады рæзтæн. Абайты Васо А. Шегрены схуыдта «ирон æвзагзонынады корифей».

Миллеры номимæ баст у ирон æвзагзонынады дыккаг этап. Уый йæ чингуытæ «Ирон этюдтæ», «Ирæтты æвзаг» æмæ æндæрты зонадон æгъдауæй бæрæг кæны ирон æвзаджы историйы бирæ алыгъуызон фарстатæ. Фыццаг хатт Ирыстонмæ æрбацыд 1879 азы хæрз æрыгонæй. Уæдæй фæстæмæ Ирыстоныл фæзылд цыппар сæрды дæргъы. Ирон адæмы цардуаг Миллеры зæрдæмæ ноджы тынгдæр бахызт. Не ‘взагимæ ахуыр кодта фольклор, этнографи, археологи, истори. Уыйас хорз базыдта ирон æвзаг, æмæ æнцонæй дзырдта ирон куырыхон зæрæдтимæ, лæмбынæг хъуыста кадджытæм, аргъæуттæм, æмбисæндтæм», – дзырдта докладгæнæг.

Мадзалы раныхас кодта скъолайы директор Гуссойты Ласко. Уый бузныг загъта ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæн, ахæм хорз мадзал кæй бацæттæ кодтой, уый тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, мадæлон æвзагæн иууылдæр хъуамæ кад кæнæм æмæ йыл дзурæм не ‘рвылбонон царды. Ныхасы рацыд Ленингоры районы администрацийы ахуыры хайы сæргълæууæг Сланты Мадинæ. Уый дæр банысан кодта, зæгъгæ, нæ мадæлон æвзаг у тынг хъæздыг æвзаг æмæ, зæгъ, махæй алкæйы хæс дæр у, цæмæй йæ уарзæм æмæ хъуамæ алчи дæр  дзура йæ мадæлон æвзагыл.

Скъоладзаутæ бакастысты ирон фысджыты фыст æмдзæвгæтæ. 8-æм къласы ахуырдзау Мæргъиты Альбинæ бакаст, Хуриты Гивийыл ацы скъолайы 11-æм къласы ахуырдзау Мæргъиты Георги цы æмдзæвгæ  «Цæугæ хох» ныффыста, уый. 11-æм къласы ахуырдзау Джиголаты Аннæ та бакаст, Георги йæ райгуырæн хъæу Гдулетыл кæй ныффыста, уыцы æмдзæвгæ.

Мадзал рауад цымыдисон æмæ дзы райгондæй баззадысты иууылдæр.

 

ХУЫБЫЛТЫ Ленæ,

РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.