16 майæ 23 маймæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис æртæ фыдракæнды æмæ дзы иу раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис æхсæз фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой авд адæймаджы.

Алыгъуызон бархалынæдты фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты иуæндæс æмбæстаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 305 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 4 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

18 майы Ленингоры районы милицийы управленимæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, Ахмадзы хъæумæ ‘ввахс Гуырдзыстоны ‘рдæм æнæзакъонæй ласынц контрабандон тамакотæ. Арæнхъахъхъæнджытæ уромынмæ хъавыдысты автомашинæ «УАЗ», фæлæ йæ мидæг цы фыдгæнджытæ бадтис, уыдон сæ æхсæнгарзæй фехстой æмæ дарддæр аскъæрдтой Гуырдзыстоны ‘рдæм. Уыцы рæстæджы автомашинæйæ рагæпп кодта Ленингоры районы Ахмадзы хъæуы 22-аздзыд цæрæг, кæцы ныридæгæн у ахст.

Горæт Цхинвалы 30-аздзыд цæрæг барвæндонæй милицимæ бахаста пистолет «Glock-17». Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы æхсæнгарз ссардта 18 майы горæты фæндагæн фæсвæд.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.