НОМАРÆН ТУРНИР МИНИ-ФУТБОЛÆЙ

Кæронмæ бахæццæ Хуссар Ирыстоны хъайтар Козаты Левы номарæн турнир мини-футболæй. 17-æм ноябры ууыл сæххæст уыдаид 31 азы. Уый сæраппонд уыцы бон уагъд æрцыдысты финалон æмæ 3-аг бынат бацахсыны тыххæй хъæзтытæ. Фæлæ цалынмæ турниры сæйраг фембæлдтытæ нæ райдыдтой, уæдмæ уал турниры хайадисджытæ, РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитет, æхсæнадон змæлд «Зиу», Хъахъхъæнынады æмæ Ахуырады министрадты минæвæрттæ дидинджытæ сæвæрдтой Левы цыртыл. Хъайтар фæмард 2008 азы Хъайтарты уынджы знагимæ тохы рæстæджы.

«Лев уыд хуымæтæг, хæдæфсæрм æмæ хæларзæрдæ лæппу. Уарзта йæ службæ, æххæст кодта, цы бардзырдтæ йын лæвæрдтой, уыдон. Тынг уарзта йæ Райгуырæн бæстæ. Йæ ном сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцыд хъахъхъæнынады министрады историйы. Уый никуы ферох уыдзæн йе ‘мгæрттæ, æмткæй ирон адæмæй», – банысан кодта хисæрмагонд скондимæ куысты фæдыл хъахъхъæнынады министры хæдивæг Æлборты Игорь.

Хъайтары цыртыл дидинджытæ сæвæрыны фæстæ мысæн церемонийы хайадисджытæ ацыдысты хъазæн фæзмæ. Фыццаг уал фем-бæлдысты гимназ «Альбион» æмæ 6-æм астæуккаг скъолайы командæтæ. Ам пурти бакъуырынæн сæ уавæртæй хуыздæр спайда кодтой 6-æм скъолайы ахуырдзаутæ æмæ систы турниры бронзæйон призертæ.

Дарддæр та райдыдта финалон хъазт. Уый рауад тынг цымыдисон æмæ æндыгъд. Фыццаг уал хыгъд байгом кодта 12-æм скъолайы командæ. Фæлæ хъазты дыккаг æмбисы 2-æм скъолайы ахуырдзаутæн бантыст дыууæ пуртийы бакъуырын æмæ хыгъд ссис 2:1. Хъазты сæйраг рæстæджы кæронмæ хыгъд нæ фæивта. Тæрхонгæнæг уæлæмхасæй бафтыдта иу минут æмæ уыцы рæстæгæй хорз спайда кодта 12-æм скъолайы командæ æмæ хыгъд сæмхуызон кодтой – 2:2. Турниры уагæвæрдмæ гæсгæ уæлахиздзау сбæрæг кæныны тыххæй бахъуыд пенæлттæ цæвын. Ам дæр тох цыд кæронмæ. Спортивон амонд бахудт 2-æм скъолайы командæмæ, кæцыйы футболисттæ разындысты рæстдзæвиндæр æмæ та ногæй систы турниры сæйраг призы хицæуттæ.

«Азæй-азмæ турниры æмвæзад кæны бæрзондæй бæрзонддæр. Уыд дзы стыр спортивон тох, уыцы рæстæджы йæ хайадисджыты æнгомдæр кæны хæлардзинад. Сæйраджыдæр ахæм номарæн турнирты руаджы рæзгæ фæлтæр зонгæ кæнынц, абон кæй фæрцы цæрæм сæрибар республикæйы, уыцы хъайтарты нæмттимæ», – загъта республикон футболон скъолайы директор Битеты Зауыр.

Бæрæг ма æрцыдысты турниры хуыздæр хъазджытæ дæр. Сæрмагонд призтæ райстой Бибылты Андрей (2-æм скъола), Хъуылымбегты Олег (12-æм скъола), Босыкты Давид (2-æм скъола) æмæ Дудайты Алан (6-æм скъола).

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Козаты Левы номарæн турнир ныр уагъд кæй æрцыд 8-æм хатт. Ацы аз дзы хайад райстой 13 командæйы.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.