Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петр йæхимæ райста Паддзахадон думæйы делегацийы, Паддзахадон думæйы Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады хъуыддæгты, евразийаг интеграци æмæ æмбæстæгтимæ бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Виктор Водолацкийы сæргълæудæй. Уыдон Цхинвалмæ æрцыдысты хуссарирыстойнаг закъондæттæн органы æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл комитетимæ иумæйаг рабадт ауадзыны тыххæй.

Уæрæсейаг делегацийы сконды ма уыдысты Паддзахадон думæйы Хæдбар Паддзахадты Цæдисы хъуыддæгты, евразийаг интеграци æмæ æмбæстæгтимæ бастдзинады фæдыл комитеты уæнгтæ Владимир Катенев, Юрий Мищеряков, Тайсаты Хъазбег, Павел Шаперов æмæ æндæртæ.

Фембæлды райдианы Хуссар Ирыстоны Парламенты спикер раарфæ кодта уазджытæн йæхи, РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы æмæ æппæт депутатон корпусы номæй æмæ банысан кодта, дыууæ бæстæты æхсæн цы хъарм æмæ æфсымæрон ахастытæ сæвзæрд, уыдон.

«Уе ‘рцыд ноджыдæр бæлвырд кæны, ахсджиаг интеграцион процесстæ, кæцытæ æххæст цæуынц нæ бæстæты къухдариуæгады руаджы, æрмæст гæххæттыл фыстæй нæ баззадысты, фæлæ, æцæгæйдæр, царды æххæст цæуынц. Æз æй кæддæриддæр дзурдзынæн, Уæрæсе кæй уыд æмæ кæй баззайдзæн нæ сæйраг стратегион партнерæй, кæцыимæ нæ ахастытæ дарддæр арфдæр кæндзыстæм нæ адæмты хæрзиуæгæн», – загъта Гасситы Петр.

Виктор Водолацкий бузныджы ныхæстæ загъта хуссарирыстойнаг парламентаритæн, зæрдиагæй сæ кæй райстой, уый тыххæй æмæ банысан кодта, Хуссар Ирыстоны адæммæ кæддæриддæр кæй нымадта æфсымæрон адæмыл.

«Мах фыццаг хатт Хуссар Ирыстоны территорийыл уадзæм Паддзахадон думæйы Хæдбар Паддзахадты Цæдисы хъуыддæгты, евразийаг интеграци æмæ æмбæстæгтимæ бастдзинæдты фæдыл комитеты ахæм рабадт. Хуссар Ирыстон у ахæм бæстæ, кæцы дæс азы размæ Гуырдзыстоны фарсæрдыгæй баййæфта варварон ныббырстытæ, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсейы æмæ РХИ-йы цы фарстатæ æнгом кæнынц, уыдон фыццаджыдæр  здæхт сты Паддзахад Аланийы цæрджыты интерестæ бахъахъхъæнынмæ», – загъта Виктор Водолацкий.

Уый ма банысан кодта закъондæттынады фадыджы иумæйаг куысты ахсджиагдзинад, цæмæй РХИ-йы Парламент хаст æрцæуа ахæм системæмæ, кæцы абоны бон уæвынад кæны æхсæнпаддзахадон æмвæзадыл.

Виктор Водолацкий Гасситы Петры фæхуыдта æхсæнадæмон конференцийы рабадтмæ, кæцы уагъд æрцæудзæн Мæскуыйы 22 ноябры æмæ дзы уынаффæ кæндзысты æхсæнхицауадон сразыдзинæдты æмæ профилон комитеты куысты фарстытыл.

Хуссарирыстойнаг фарсæрдыгæй фембæлды хайад райстой РХИ-йы Парламенты Сæрдары хæдивæг Харебаты Сергей æмæ Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарла-ментон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдар Коцты Игорь.

Рабадты кæрон уазджытæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.