Зынаргъ хæлæрттæ!

Зæрдиагæй уын арфæ кæнын æвзонгдзинад, оптимизм æмæ стыр хъуыддæгтæм æнхъæлмæ кæсыны бæрæгбон – Студенты боны цытæн!

Студентон азтæ сты алы адæймаджы царды иууыл цымыдисондæр æмæ æнæмæт этап. Уыцы рæстæг у æвзонгады, ныфсыты æмæ тырнындзинæдты уæлахиз, иууыл ныфсджындæр хъуыдыты райгуырд.

Ахуыр адæймæгтæ алы рæстæджы дæр хъæуæг сты. Æмæ сымах кæддæриддæр хъуамæ уæ зæрдыл дарат, хъумæ æмбарат алыхатдæр, сымахæн, ныры студентты кæй хъæудзæн РХИ-йы социалон инфраструктурæйы дарддæры рæзтæн  æмæ йæ дидинæфтыдадæн серьезон фарстатæ скъуыддзаг кæнын.

Ныфс мæ ис, сымахæн стыр æнтыстытæ кæй уыдзæн, æмæ абон цы зонындзинæдтæ исут , уыдон уын кæй, суыдзысты æнтысгæ куысты бындур нæ Райгуырæн бæстæйы хæрзиуæгæн.

Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, иттæг хорз ахуыр æмæ æвидигæ сфæлдыстадон энерги! Уадз, уæт уæ бæллицтæ сæххæст!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

 

***

Цытджын студенттæ æмæ ахуыргæнджытæ!

Айсут иууыл зæрдиагдæр арфæтæ сæйраг студентон бæрæгбон – Татьянæйы боны цытæн!

Татьянæйы бон у студентон царды æнæфæхицæнгæнгæ хай – алы адæймаджы царды дæр иууыл зæрдылдарæн рæстæг.

Растдæр уыцы æвзонг, активон азты фидар цæуынц фидæны бындуртæ, царды активон позици, ист цæуы царды иууыл ахсджиагдæр капитал – зонындзинæдтæ.

Абоны бон нæ студентон аудиториты ахуыр кæнынц сæдæгай курдиатджын, нысанмæ тырнындзинад кæмæ ис, ахæм æвзонг адæймæгтæ, кæцытæ сом суыдзысты квалификациджын специалисттæ, сæ зонындзинæдтæ лæвар кæндзысты æндæртæн æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æхсæнады æмæ нæ паддзахады рæзтмæ хæсдзысты сæ уæзгæхайбавæрд.

Зынаргъ студенттæ! Мæ цæст уын уарзы иттæг хорз ахуыр, профессионалон рæзт, æнтыстытæ! Ахуыргæнджытæн цæмæй сæ ахуыргæнинæгтæ арæхстджын æмæ  уой æвзыгъд æмæкурдиатджын, рæсугъд Татьянæтæн та – сылгоймаджы рæсугъддзинад æмæ амонд! Æнæниздзинад, фæрныгад æмæ стыр уæлахизтæ уæ хай!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик

 

***

Цытджын студенттæ! Зынаргъ хæлæрттæ!

Айсут иууыл зæрдиаг арфæтæ студентон бæрæгбон – Студенты боны цытæн!

Æвзонг адæймаджы царды студентон азтæ сты иууыл цымыдисондæр æмæ бæрнджындæр рæстæг, цымыдисдзинад æмæ зонындзинæдтæм тырнындзинад куы ахъаз кæнынц царды фæндаг равзарынæн æмæ профессионалон зонындзинæдтæ райсынæн, фидар цæуынц ахæм принциптæ, кæцытимæ адæймаг цæуы йæ цæрды.

Студенттæ сты нæ бæстæйы ныфс æмæ фидæн, кæцытæ хъуамæ рæзын кæной адæмон хæдзарады сæудæджерадон æмæ хъæууонхæдзарадон къабæзтæ, социалон къабазы, суой        нæ фидæны республикæйы аккаг къухдариуæггæнджытæ. Нæ бæстæйы хъæуы бæрзондквалификациджын æвзонг кадртæ, кæцытæн сæ бон суыдзæн ногдзинæдтæ бахæссын, кæцытæн сæ бон уыдзæн республикæйы политикон æмæ экономикон потенциал сфидар кæнынмæ здæхт рацаразындзинæдтæ адарддæр кæнын.

Мæ цæст уарзы Хуссар Ирыстоны æппæт студенттæн ахуыры, зонады, сфæлдыстады æнтыстытæ! Уадз, æмæ хуыздæр уæвынмæ уæ тырнындзинад, хъæддыхдзинад æмæ фæндфидардзинад, кæцытæ фидаргонд сты зонындзинæдтæй, æххуыс кæной уæ æвзыгъддзинæдтæ среализаци кæнынæн. Æнæниздзинад, амонд æмæ стыр уæлахизтæ уæ хай!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.