Зынаргъ студенттæ!

Айсут мæ иууыл хъармдæр арфæтæ Студенты боны сæраппонд!

Зæрдæбынæй арфæ кæнын кæддæр студент чи уыд æмæ абон ахуырадон уагдæтты зонады фæндагыл лæуд чи у, уыдонæн студентты æмæ ахуыргæнджыты иууыл уарзондæр бæрæгбон – Студенты боны цытæн.

Студентон азты бындур æвæрд æрцæуы фидæны профессионалон æмæ хисæрмагонд æн-тыстытæн. Уый у æнтыстыты æмæ царды бынат агурыны диссаджы рæстæг. Номхуындæй, студентон азты  адæймаг райдайы йæхæдæг уынаффæтæ хæссын  æмæ  бæрндзинад исын. Сымахыл – амбициозонтæ,  зондджынтæ, æвзонг адæймæгтыл баст у нæ республикæйы фидæн.

Уырны мæ, диплом бахъахъхъæныны фæс-тæ сымахæй алкæмæдæр кæй æнхъæлмæ кæсы æнтыстджын куыст, æмæ райсгæ зонындзинæдтæ та фидæны фадат кæй ратдзысты царды иууыл уæндондæр плæнттæ ныббиноныг кæнынæн. Уæ зæрдыл дарут, алцыдæр уæ къухты кæй ис, уый.

Уадз, уæ зæрдæтæ уын алыхатт дæр хъарм кæнæт студентон æнæферохкæнинаг азты тыххæй мысинæгтæ! Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

 

***

Цытджын студенттæ!

РХИ-йы Хицауады æмæ сæрмагондæй мæхи номæй зæрдæбын арфæ кæнын сымахæн студентон бæрæгбон – Татьянæйы боны сæраппонд!

Уæлдæр ахуырадон уагдоны арвитгæ рæстæг у иууыл активондæр, иууыл продуктивондæр æмæ ирддæр рæстæг. Æхсæнады авангарды уæвгæйæ, студентон фæсивæд ныридæгæн сæ аккаг хайбавæрд хæссынц паддзахады рæзтмæ ахуыры се ‘нтыстытæй, æнтыстджын карьерæмæ æмæ иумиагæй фæрныг цардмæ фыццаг ныфсджын къахдзæфтæй. Уырны мæ, нæ æвзонг фæлтæр кæй сты аккаг фæдонтæ æмæ нæ адæмы традицитæ дарддæргæнджытæ.

Зынаргъ хæлæрттæ! Ацы бæрæгбоны сымахæн мæ зæрдæ зæгъы æрмæстдæр позитивон эмоцитæ, æнтыстытæ, уæлтæмæнад æмæ ирд тæлмæнтæ!

Уадз, студентон азтæ ацæуæт æнцон, æвæлмасæй æмæ уын уæ зæрдæты ныууадзæт иу-уыл æхсызгондæр мысинæгтæ æппæт уæ царды!.

Республикæ

Хуссар Ирыстоны

 Хицауады Сæрдар ПУХАТЫ Эрик

 

***

Зынаргъ студенттæ!

Абон сымах нысан кæнут уæ иууыл уарзондæр бæрæгбон – Студенты бон.

Уыцы рæстæг канд ирд цаутæй йемыдзаг нæ вæййы, фæлæ ма вæййы ныфсхаст бæллицтæ æмæ фæндты гуырæн афон. Уыцы азтæ вæййынц æнæрынцой куысты азтæ нæ бæллицтæ сæххæст кæнынæн ног фадæттæ байгом кæныны сæраппонд.

Æхсызгон мын у, нæ хуссарирыстойнаг студентты ‘хсæн кæй ис бирæ курдиатджын æмæ зынгæ адæм. Уыдон стыр хъусдард здахынц ахуырады процессмæ, зонадмæ, активон хайад исынц  нæ республикæйы æхсæнадон æмæ политикон царды. Нæ абоны студенттæ сты сомбоны политиктæ, иу ныхасæй, нæ сæйраг интеллектуалон фæсауæрц. Сымах бахъæудзæн царды мидæг размæдзыд инновацион проекттæ саразын, не ‘взонг республикæйы, сæндидзын кæнынмæ экономикæйы райрæзты æмæ социалон царды æппæт фадгуыты сфидар кæнынмæ здæхт вазыгджын хæстæ æххæст кæнын. Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын ахæм рæсугъд бæрæгбоны цытæн. Мæ зæрдæ уын зæгъы сфæлдыстадон энерги æмæ удцырынад, цæмæй кæддæриддæр уат уæнгрог æмæ ныфсхаст, цæмæй æвидигæ уой уæ фæндтæ, тырнат размæ æмæ уат æнæ-къуылымпы. Æнтыстджын ут уе ‘ппæт  хъуыддæгты дæр æмæ алы хæрзтæй хайджын ут.

Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы

Парламенты Сæрдар Гасситы Петр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.