Цытджын студенттæ! Зынаргъ хæлæрттæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын æвзонгады бæрæгбон – Студенты боны цытæн!

Студентон азтæ сты иууыл цымыдисондæр, æнæмæт æмæ  уыимæ иумæ алы адæймаджы царды бæрнон этаптæй сæ иу. Уый у, фидæны бындуртæ æвæрд кæм цæуынц, бæллицтæ æххæст кæм цæуынц, иууыл уæндондæр плæнттæ кæм гуырынц, ахæм рæстæг.

Ахуыр адæймæгтæ алы рæстæджы дæр хъæуæг сты. Æмæ сымах хъуамæ уæ зæрдыл дарат, сымахыл, уæ куыстуарзондзинад, равзаргæ профессийы ахуыр кæныныл, уæ адæмы аккаг минæвар суæвыны тырнындзинадыл баст у уæ фидæн æмæ нæ бæстæйы фидæн дæр. Макуы æрлæуут къухыбафтгæ æнтыстытыл, дарддæр цæут размæ! Ма тæрсут рæдыдтытæй, алы хатт дæр агурут уыдоныл фæтых уæвыны фадат, цæмæй уæ бæллицтæ сæххæст уой. Уæд сымах, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдзыстут амондджын æмæ æнтыстджын адæм.

Ныфс мæ ис, сымахæн бирæ æнтыстытæ кæй уыдзæн æмæ уæ зонындзинæдтæ, кæцытæ абон исут сымах, суыдзысты æнтыстджын фæллойы бындур нæ Райгуырæн зæххы хæрзиуæгæн.

Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, хорз ахуыр æмæ æвидигæ сфæлдыстадон энерги! Уадз, æмæ уæ бæллицтæ сæххæст уой!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Тадтаты Аланы арфæ

Зынаргъ хæлæрттæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын æвзонгдзинады бæрæгбон – Студенты боны цытæн!

Студентон азтæ сты иууыл хуыздæр рæстæг адæймаджы царды, уым гæнæн ис æппæт тыхтæ æмæ фадæттæ дæр сфæлтæрынæн, иууыл зындæр хæстæ скъуыддзаг кæнынæн, цыфæнды нысæнттыл фæуæлахиз уæвынæн æмæ райсгæ æнтыстытыл ма æрлæууынæн. Уый у бæллицты æмæ уарзондзинады, цымыдисдзинад æмæ цардмæ бæллыны рæстæг, гоймаг æндидзыны, професси райсыны æмæ карьерæйы райдиан. Разæй уæм æнхъæлмæ кæсынц бæллиццаг горизонттæ æмæ бæрзонд нысæнттæ, æнтыстытæ.

Уæ æнтыстджын сомбоны бындур суыдзысты фидар, хорз зонындзинæдтæ, æвзонгдзинады энерги æмæ ног зонындзинæдтæ базонын. Абоны студенттæ сты нæ фидæны кадртæ, кæцытæн сæ бон у проблемон фарстытæ скъуыддзаг кæнын, кæцытæ здæхт сты нæ республикæйы дарддæры рæзтмæ, йæ политикон æмæ экономикон потенциал сфидар кæнынмæ. Æмæ, цæмæй алы студент дæр суа куыд профессионал æмæ гоймаг, уый тыххæй республикæйы къухдариуæгад архайы æппæт уавæртæ саразыныл дæр. Сымах стут нæ фидæн, сымах хъуамæ царды гуырын кæнат перспективон проекттæ, дарддæр бæстæйæн къухдариуæгад кæнын. Мах сымахыл æууæндæм. Сымахыл баст у нæ фидæн.

Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад æмæ амонд, сомбоны ныфс æмæ размæ цæуыны тырнындзинад æмæ ног æмæ ног уæлахизтæ райсын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.