Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы куъхдариуæгадæй уагъд æрцыд Хицауады рабадт.

Рабадты райдианы Пухаты Эрик бузныджы ныхæстæ загъта транскам миты зæйтæй асыгъдæг кæныны хайад исæг Уæлвæткон уавæрты министрад æмæ фæндагон службæтæн, афтæ ма сæрмагондæй Уæлвæткон уавæрты министрады сæргълæууæг Тадтаты Аланæн.

«Бузныг зæгъын фæндаг асыгъдæг кæныны хайад чи райстой, æппæт уыдонæн, сæрмагондæй дæуæн, Алан Сергейы фырт, дæ æввæлайгæ, æдзухон куысты тыххæй де ‘мзæххонты хæрзиуæгæн, стыр бæрндзинады, патриотизм æмæ тырнындзинады тыххæй, цæмæй нæ сæйраг фæндаг æнæкъуылымпыйæ куса. Курæг дæ дæн, цæмæй хуыздæр кусджытæн премитæ лæвæрд æрцæуа», – загъта Пухаты Эрик.

Уый фæстæ Хицауады уæнгтæ байхъуыстой Пенсион фонды сæрдар Тасойты Азæйы раныхасимæ пенсион ифтонгад фæхуыздæр кæныны мадзæлтты фæдыл æмæ 2019 азы 1 январæй сфидар кодтой пенситы бæрцтæ.

Пенсион фонды сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, фæдзæхстон æмæ социалон пенситæ азы райдианæй фæфылдæр уыдзысты 12 проценты онг.

«Фонды хайадты пенситы нымайынц ногæй æмæ февралы республикæйы æмбæстæгтæ райсдзысты фæфылдæргонд пенситæ, уыцы нымæцы январы мæйæн дæр. Пенситæ фæфылдæр сты 12 проценты», – загъта Тасойты Азæ.

Пухаты Эрик загъта, зæгъгæ, Президент Бибылты Анатолийы бацамындмæ гæсгæ Пенсион фонд кусы пенсион ифтонгады æмвæзады дарддæры рæзтыл.

Паддзахадон унитарон куыстуат «Кондадон иугонд «Югосетнефтепродукт»-æн 50 процентон авансон бафыстытæ радтыны æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй фехъусын кодта Хицауады Сæрдары хæдивæг – Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади. Ныхас цыд республикæйы цæрджыты æмæ паддзахадон уагдæтты сифтонг кæнын æртаг-сæрдæн æрмæджытæй райсинаг æргътæм гæсгæ.

Хицауады уæнгтæ ма аскъуыддзаг кодтой республикæйы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты паддзахадон æххуыс бакæнын дыууæ инестпрограммæйæн: арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Натурплант» æмæ арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Ир Базальт»-æн.

Бекъойты Геннади куыд банысан кодта, афтæмæй паддзахадон æххуысы хуыз у æхцайы хæрдзтæ бафидыны тыххæй субсидитæ, кæцытæ баст сты кондадон ифтонгад балхæнынимæ. «Ир Базальтæн» æхцайы фæрæзты лимит уыдзæн 13 милуан сомы бæрц, «Натурплантæн» та – 10 милуан сомы бæрц.

Рабадты ма уынаффæ кодтой паддзахадон æххуысы механизмтыл, кæцытæ ифтонг кæнынц цæрджыты цæрæнуатон-коммуналон лæггæдты тарифтæ фæфылдæр кæнынæй бахъахъхъæнын. Ацы фадыг паддзахад контроль кæндзæн субсидитæ дæттыны ‘руаджы.

Уымæй дарддæр ма цалдæр бынаты кусыны мониторинджы фæдыл Президент Бибылты Анатолийы хæслæвæрд æххæст кæнгæйæ,  рабадты йæ бынатæй сæрибар æрцыд Знауыры районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Дзанайты Гиви Магомеды фырт, кæцы ныр къухдариуæгад кæны æрмæстдæр районы спортсколайæн.

РХИ-йы Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.