Мидхъуыддæгты министрады цытджын кусджытæ æмæ ветерантæ!

Арфæ уын кæнын Мидхъуыддæгты органты кусæджы боны цытæн!

Республикæйы барадхъахъхъæнæг органты истори, кæцы ацы аз нысан кæны йæ сырæзты 100 азы юбилей, йемыдзаг у хъайтарон фæрстæй, кæцытæ фыст æрцыдысты йæ бирæ кусджытæ – профессионалты фæрцы. Уыдонæн хъæбатырдзинад, бæрндзинад æмæ рæстдзинад уыдысты сæ царды мидис.

Абон дæр системæйы ныфсджын цæг уæвгæйæ, Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ, хуыздæр кæнынц куысты амæлттæ, не ‘мбæстæгты сæйраг барæй  цæрыны барæй – ифтонг кæнгæйæ.

Ацы бон мæ уæлдай бузныджы ныхæстæ фæнды зæгъын ведомствойы ветерантæн, барадхъахъхъæнджыты хæрзарæхст специалистты цалдæр фæлтæр кæй схъомыл кодтой æмæ милицийы     службæйы аккаг традицитæн бындур кæй æрæвæрдтой, уый тыххæй. Уæ фæлтæрддзинад æмæ зонындзинæдтæй пайда кæнгæйæ, республикæйы барадхъахъхъæнджытæ абон фыдракæндты ных-мæ лæууынц, æхсæнадон фæтк хъахъхъæнынц, аразынц æппæтдæр, цæмæй не ‘мбæстæгты бахъахъхъæной.

Бузныг уын, уæ зын, фæлæ æхсæнадæн ахс-джиаг куысты тыххæй!

Зынаргъ хæлæрттæ! Мæ цæст уын уарзы æнæ-низдзинад, фæрныгад æмæ æнытыстытæ уæ зын куысты.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар ПУХАТЫ Эрик

* * *

Республикæ Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты органты цытджын кусджытæ æмæ ветерантæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй, арфæ кæнын уæ профессионалон бæрæгбон – Мидхъуыддæгты органты кусæджы боны цытæн!

Ацы бæрæгбон у закъондзинад æмæ фæтк хъахъхъæныны сæраппонд сæ цард чи снывонд кодта, уыдон кады бон. Уæ профессионалон архайд у æхсæнадон стабилондзинады гуырæн, организацигонд фыдракæндты ныхмæ тох, нæ республикæйы цæрджыты сабырад æмæ æдасдзинады гарант. Сымах æгæрон хайбавæрд хæссут фæтк хъахъхъæнын æмæ æхсæнадон æдасдзинад сфидар кæныны хъуыддагмæ.

Бузныг уын уæ намысджын куыст, равзаргæ дæсныйадыл æнувыддзинад, закъонæн иузæрдионæй уæ лæггады тыххæй.

Ацы нысаниуæгджын бон министрады æппæт кусджытæн мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, фæрныгад, сабыр арвы бын царды фæндиæгтæ, уæ службæ хорз куыд цæуа æмæ уын уæ разылæууæг хæстæ скъуыддзаг кæныны хъуыддаджы æнтыстытæ цы уа!

Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.