Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын паддзахадон æдасдзинады органты кусæджы боны цытæн!

Паддзахадон æдасдзинады органтæн ис стыр нысаниуæг РХИ-йы æдасдзинад, закъондзинад æмæ барадон фæтк сифтонг кæныны зын фарстытæ скъуыддзаг кæныны хъуыддаджы, аккагæй скъуыддзаг кæнынц политикон æмæ экономикон фыдракæндтæ аиуварс кæныны ахсджиаг фарстытæ, хъахъхъæнынц бæстæйы суверенитет æмæ æнæхъæндзинад.

Паддзахадон æдасдзинады органты кусджытæ алыхатт дæр хицæн кодтой æнæлаз сæрмагонд миниуджытæй: хъайтардзинад, патриотизм, уды хъæддыхдзинад æмæ фидар характерæй. Уæ оперативондзинадæй Мидæггагон æмæ æддагон тасдзинæдтæ рабæрæг кæнын комкоммæ баст у бæстæйы мидæггагон стабилондзинадыл.

Ноджы ма паддзахадон æдасдзинады органты куысты ахсджиаг аспект у РХИ-йы Паддзахадон арæнты хъахъхъæнынад.

Уæлдай бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын УФ-йы Федералон æдасдзинады службæйы арæнгæрон управленийы къудариуæгад æмæ сæрмагонд скондæн, кæцытæ РХИ-йы Паддзахадон æдасдзинады комитеты арæнгæрон службæимæ æнæсаргъгæнгæ хайбавæрд хæссынц Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон арæн хъахъхъæныны хъуыддагмæ.

Бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын паддзахадон æдасдзинады органты ветерантæн, кæцытæ сæ тыхтæ æмæ энерги радтой Райгуырæн бæстæйæн лæггад кæныны хъуыддагмæ. Бузныг уын уæ удуæлдай куыст, хæсты æмæ нымысы принциптæн иузæрдыгдзинады тыххæй.

Ныфс мæ ис, уæ зонындзинæдтæ, фæлтæрддзинад æмæ бæрзонд профессионализм дарддæр дæр кæй лæггад кæндзæн РХИ-йы социалон æмæ политикон стабилондзинадæн.

Ацы нысаниуæгджын бон уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, цæрдæгдзинад, дарддæры æнтыстытæ, сабырад, хорздзинад æмæ фæрныгад уæхицæн æмæ уæ бинонтæн!

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

БИБЫЛТЫ Анатоли

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон хъахъхъæнынады службæйы цытджын кусджытæ!

Арфæ уын кæнын нысаниуæгджын бон – уе службæйы сырæзтыл 18 азы сæххæсты цытæн!

18 азы дæргъы уæ структурæ у нæ республикæйы тыхон структурæты сæйрагдæртæй сæ иу. Уæ службæйы сæйраг хæстæ сты паддзахадон хъахъхъæнынады объектты æмæ паддзахады фыццаг адæймæгты æдасдзинад, сæ цардуагон ахсджиаг интерестæ хъахъхъæнынад сифтонг кæнын, уыдоны цардæн тæссагдзинæдтæ аиуварс кæнын æмæ рагацау сбæлвырд кæныны фæдыл мадзæлттæ ауадзын, хъахъхъæнæг объекттыл фыдракæндтæ аиуварс кæнын. Паддзахадон хъахъхъæнынады кусджыты компетентондзинад, хъайтардзинад, бæрндзинад, Райгуырæн зæхмæ уарзондзинад фадат дæттынц службæйон хæстæ аккагæй скъуыддзаг кæнын. Ныфс мæ ис, уæ хорз службæ дарддæр дæр кæй ахъаз кæндзæн не ‘взонг республикæйы стабилондзинад æмæ æдасдзинадæн.

Мæ цæст уарзы Паддзахадон хъахъхъæнынады службæйы кусджытæн амонд, æнæниздзинад, фæрныгад æмæ службæйы æнтыстытæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

***

Паддзахадон æдасдзинады органты цытджын кусджытæ æмæ ветерантæ!

Арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбон – Паддзахадон æдасдзинады кусæджы боны цытæн.

Иумæйаг национ интерестæ, æмбæстæгты конституцион бартæ æмæ сæрибардзинад бахъахъхъæнын, мидæггагон æмæ æддагон тасдзинæдтæ сбæлвырд кæнын уыдысты æмæ баззадысты паддзахадон æдасдзинады органты кусджыты сæйраг хæстыл. Бирæ азты дæргъы сымах аккагæй æххæст кæнут уе службæйон хæстæ, хъахъхъæнут бæстæйы территориалон æнæхъæндзинад.

Уæ службæ домы бæрзонд профессионализм, хъæддыхдзинад æмæ æхсардзинад. Уæ  зын куыстæй арæзт цæуынц æппæт уавæртæ нæ республикæйы цæрджыты сфæлдыстадон архайдæн. Ныфс мæ ис, уæ бæрндзинад æмæ цырддзастдзинад дарддæр дæр ахъаз кæндзысты республикæйы сабырдзинад æмæ стабилондзинад бахъахъхъæныны хъуыддагæн.

Ацы бон мæ фæнды бузныджы ныхæстæ зæгъын ветерантæн, кæцыты райгуырæн зæххæн æгæрон лæггад у æвзонг кусджытæн цæвиттонæн.

Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, уды хъæддыхдзинад, оптимизм æмæ хорз службæйон æнтыстытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.