Фыдыбæстæйы цытджын хъахъхъæнджытæ! Зынаргъ ветерантæ!

Хицауады æмæ мæхи номæй уын арфæ кæнын Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн!

Ацы бæрæгбон рагæй ссис хæстон æхсардзинад æмæ хъæбатырдзинады символ. Нæ паддзахады историйы дæргъы æфсæддон куыст алы хатт дæр уыд кадджын, æмæ æфсæддон æхсардзинад уыд æмæ баззайдзæн нæлгоймаджы сæйраг мииниуджытæй сæ иуæй.

Алы бинонтæ дæр хъахъхъæнынц сæ фыдты æмæ бабаты хъайтардзинады истори. Абон сæрыстырæй æрымысынц, Фыдыбæстæйы æдасдзинад чи хъахъхъæдта, уыцы хъайтарты нæмттæ.

Бузныджы ныхæстæ нæ фæнды зæгъын хæсты ветерантæн дæр. Уыдоны цард у хъæбатырдзинад, лæджыгъæд æмæ Райгуырæн зæххæн лæггад кæныны цæвиттон.

Ацы нысаниуæгджын бæрæгбоны Фыдыбæстæйы æппæт хъахъхъæнджытæн мæ цæст уарзы æнæбасæтгæ удыгъæд, æнæниздзинад, сабыр арвы бын царды фæндиæгтæ æмæ стыр æнтыстытæ уæ куысты нæ паддзахады хæрзиуæгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик

 

***

Фыдыбæстæйы зынаргъ хъахъхъæнджытæ!

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты цытджын ветерантæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты ветерантæ, хæстонтæ-интернационалисттæ!

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Зæрдиагæй уын арфæ кæнын Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн!

Ацы бæрæгбон махæн у æхсардзинады æмæ фидардзинады, хъайтардзинад æмæ хиуыл науæрдондзинады, фидар удыхъæды æмæ Райгуырæн бæстæйыл иузæрдиондзинады бон. Ацы нысаниуæгджын бон мах цыт кæнæм,  йе ‘мбæстагон хæс чи æххæст кодта æмæ йæ Райгуырæн бæстæ чи хъахъхъæдта, уыдонæн, халас сæр фронтовиктæн, æфсæддон професси чи равзæрста æмæ иузæрдионæй йæ Фыдыбæстæйæн чи лæггад кæны, йæ интерестæ æмæ йын йæ æдасдзинад чи хъахъхъæны, уыцы фæсивæдæн. Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон мах нæ сæртæй ныллæг кувæм æмæ кад кæнæм Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæн, хæстонтæ-интернационалисттæн, абон йе ‘фсæддон хæс чи æххæст кæны æмæ йæ фыдыфыдты æмæ фыдты кадджын традицитæ чи дарддæр кæны, уыдонæн.

Мах никуы ферох кæндзыстæм, не ‘взонг республикæйы хæдбардзинад æмæ сæрибардзинад сæ риутæй чи хъахъхъæдтой æмæ æхсардзинад чи равдыстой,  нæ уыцы лæппуты хъæбатырдзинад.

Йæ Райгуырæн бæстæйы фидæны тыххæй се ‘взонг цард чи радта, уыцы хъæбатырты рухс нæмттæ дарæм нæ зæрдæты.

Фыдыбæстæйы æппæт хъахъхъæнджытæн мæ фæнды æнæбасæтгæ тых, фидар æнæниздзинад, бинонты амонд, æппæт бæллицтæ сæххæст кæ-нын æмæ нæ республикæйы хæрзæбонæн сæ зын куысты стыр æнтыстытæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны-Паддзахад

Аланийы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр

 

***

Зынаргъ ветерантæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Ветеранты Совет зæрдæбынæй арфæ кæны хæсты æппæт ветерантæн æмæ нæ Республикæйы Хъахъхъæнынады министрады кусджытæн Фыдыбæстæйы хъахъхъæнæджы боны цытæн æмæ РХИ-йы хъахъхъæнынады министрады сырæзтыл 25 азы сæххæсты цытæн.

2018 аз у юбилейон. Сырх Æфсады сырæзтыл æххæст кæны 100 азы. 23 февраль у нысаниуæгджын бæрæгбон, уæлдайдæр сымахæн, нæ зынаргъ ветерантæ, Райгуырæн бæстæйæн лæггад кæнынæн йæ цард чи снывонд кодта. Фыдыбæстæйы хъахъхъæнæджы бон хъæбатрыдзинад, æхсардзинад, намыс æмæ кады символ.

Ацы бæрæгбоны уын мæ цæст уарзы æнæниздзинад, хорз амонд, сабырдзинад æмæ бирæ æнтыстытæ РХИ-йы хæрзиуæгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Ветеранты совет

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.