Æрæджы «Эхо Кавказа»-йы ныммыхуыргонд информаци, зæгъгæ, РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли 15-æм февралы тагъдыл ацыд Мæскуымæ уæрæсейаг егъаудæр холдинг «Группа компаний БТК»-йы къухдариуæгадимæ фембæлыны тыххæй, уый раст нæу, – хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-секретарь Гасситы Динæ.

Пресс-секретары ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсейы столицæмæ Хуссар Ирыстоны Президенты балцы программæйы нæ уыд холдингы къухдариуæгадимæ фембæлд. Бибылты Анатоли Мæскуымæ ацыд егъаудæр энергетикон компани «Газпром»-ыл 25-азы сæххæсты сæраппонд юбилейон мадзæлтты хайад райсыны нысанæн. УФ-йы столицæмæ визиты ма хынцыд уыд Газпромы къухдариуæгадимæ æмæ статс-секретарь – Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Игорь Зубовимæ кусæгон фембæлдтытæ ауадзын.

«Паддзахады сæргълæууæг Мæс-куымæ ацыд раздæр сплангонд программæмæ гæсгæ. Уый размæ Газпромы къухдариуæгадæй райста хонæн гæххæтт юбилейон мадзæлтты хайад райсыны тыххæй. Уæрæсейаг столицæйы ма Бибылты Анатолийæн кусæгон фембæлд уыд Газпромы къухдариуæгадимæ. Уы-мæй дарддæр ма, Президентæн фембæлд уыд статс-секретарь – УФ-йы Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Игорь Зубовимæ, кæцыйы рæстæджы уыдон æруынаффæ кодтой дыууæ бæстæйы барадхъахъхъæнæг органты æмгуыста-ды перспективæтыл», – загъта Гасситы Динæ.

16-æм февралы «Эхо Кавказа»-йы сайтыл мыхуыр æрцыд æрмæг «Как поссорились президент и инвестор», зæгъгæ, цыран дзырдæуы хуссарирыстойнаг хицауад æмæ уæрæсейаг холдинг «Группа компаний БТК»-йы ‘хсæн конфликты тыххæй. Публикацимæ гæсгæ, холдингы къухдариуæгад фехъусын кодта, цыма уый фæнд кæны нæ республикæйы территорийыл кондад æруромынмæ. Уый фæдыл РХИ-йы Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты сæрдар Бекъойты Геннади уый размæ  радта комментаритæ РХИ-йы дзыллон информацийы фæрæзтæн.

Чиновникы ныхæстæм гæсгæ, холдинг нæ фæнд кæны Хуссар Ирыстоны йæ архайд æруромын.  Цхинвалы компани БТК-йы генералон директор Сергей Базоевимæ фембæлды рæстæджы иу ныхас дæр нæ уыд Хуссар Ирыстонæй компанийы ацыды тыххæй. Уыдон план кæнынц кондад дарддæр рауæрæхдæр кæнын æмæ 200 ног кусæгон бынаты саразын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.