НОМАРÆН ЕРЫСТÆ – СТЪОЛЫ ТЕННИСÆЙ

Цхинвалы скъола-интернаты уагъд æрцыд Советон Цæдисы спорты дæсны, РХИ-йы физкультурæйы сгуыхт кусæг Уалыты Русланы номарæн ерыстæ стъолы теннисæй. Хайад сæ райстой 22 æвзонг спортсмены, кæцытæ дихгонд уыдысты æртæ дæлкъордыл. Ерыстæ официалонæй байгом кæныны церемонийы раныхас кодта Русланы æмгар æмæ æмкусæг Тедеты Владимир. Уый цыбыртæй æрдзырдта Русланы цардвæндаджы тыххæй:

«Русланæн стыр æнтыстытæ уыд спорты. Уæгъдибар хъæбысхæстæй рамбылдта Советон Гуырдзыстоны чемпионат, афтæ ма Советон Гуырдзыстоны цæрæг адæмты Спартакиадæ дæр.  Йæ спортивон карьерæ ныууадзгæйæ, куыста ахуыргæнæгæй. Уый рæзгæ фæлтæрæн уарзын кодта спорт. Афтæ ма сæ хъомыл кодта Райгуырæн бæстæ уарзыныл».

Стъолы теннисы федерацийы минæвар, республикæйы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Джиоты Мириан фехъусын кодта, зæгъгæ, фæнд кæнынц Русланы номарæн турнир æрвылаз дæр уадзын. «Иннæ азты ерыстæ фæуæрæхдæр кæндзыстæм. Фæхондзыстæм сыхаг республикæты спортсменты дæр».

Уалыты мыггаджы номæй раныхас кодта Уалыты Вадим: «Русланы иууылдæр бирæ уарзтой. Уыд æууæнкджын хæлар. Стæй уыд диссаджы юморы хицау».

Йæ хъомылгæнæгæй стыр бузныг у армспортæй æвзæнгты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты уæлахиздзау, Европæ æмæ дунейы призер Дыгъуызты Миленæ: «Руслан Григорийы фырт мын бауарзын кодта спорт. Стæй йæ куы бамбæрста, курдиат мæм кæй ис, уæд мæ бакодта армспорты секцимæ æмæ уый фæрцы мæ къухты бантыст хорз æнтыстытæ. Йæ ном никуы ферох уыдзæн йæ хъомылгæнинæгтæй».

Ерысты  организатортæн  æмæ  хайадисджытæн бузныг загъта Русланы цардæмбал Коцты Валентинæ. «Руслан бирæ уарзта Ирыстон, рæзгæ фæлтæрæн лæвæрдта монон æмæ патриотон хъомылад.  Бузныг мæ фæнды зæгъын уе’ппæтæн дæр, йæ ном ын кæй нæ рох кæнут, уый тыххæй».

Официалон церемонийы фæстæ райдыдтой хъæзтытæ. Фембæлдтытæ уыцы-иу рæстæджы цыдысты фондз стъолы фарсмæ. Партитæ иууылдæр акæнгæйæ, чызджыты ‘хсæн фæуæлахиз Джиголаты Аланæ, дыккаг бынат бацахста йæ кæстæр хо Дианæ æмæ æртыккаг та ссис Гæбæраты Индирæ.

Лæппуты ‘хсæн хистæр кары къорды иууыл цæттæдæр разынд Уалыты Русланы хъомылгæнинаг Джиголаты Денис, дыккаг бынатыл ацыд Гæбæраты Эдуард, æмæ æртыккагыл  та – Хъæцлæуты Гæмæт.

Кæстæр кары къорды рамбылдта Бæгъиаты Георги, дыккаг æмæ æртыккаг бынæттыл та ацыдысты Джиоты Георги æмæ Туаты Давид.

Ерысты хайадисджытæ иууылдæр Уалыты Русланы бинонты номæй хорзæхджын æрцыдысты зæрдылдарæн лæвæрттæй.

Хуриты Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.