Нæ адæмы ахсджиагдæр бæрæгбонтæй сæ иу – Республикæйы боны хæдразмæ РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли паддзахадон хорзæх «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты фæуæлахизы 10 азы» майданæй схорзæхджын кодта хицæн министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджыты.

Хорзæхтæ дæттыны церемонийы рæстæджы сын Президент Бибылты Анатолийы цæст бауарзта амондджын цард, бинонты амонд æмæ æнтысгæ архайд сæ дарддæры куысты.

«Уæ номæй арфæ кæнын, цы коллективты сæргъ лæуут, уыдонæн. Мæ цæст сын уарзы æнæниздзинад, сæ разы цы хæстæ æрæвæрынц, цы рухс бæллицтæ сын ис, уыдон сын æнтысгæйæ сæххæст уæд. Нæ республикæ та азæй-азмæ дидин æфтауæд æмæ дзы амондджынæй цæрæд нæ адæм. Нæ суинаг фæлтæр та дзы сæрбæрзондæй, амондджын цард кæнæт», – загъта йæ ныхасы кæрон Президент Бибылты Анатоли.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.