Республикæ Хуссар Ирыстоны Æдасдзинады паддзахадон комитеты Арæнгæрон службæйы цытджын кусджытæ!

Арфæ уын кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Æдасдзинады паддзахадон комитеты Арæнгæрон службæйы сарæзтыл 18 азы сæххæсты цытæн.

Паддзахадон арæн хъахъхъæнын у иууыл бæрнондæр æмæ зындæр хæстæй сæ иу, Райгуырæн зæхх æмæ йæ адæмы раз бæрзонд хæстон хæс.

Уæ профессионализм, цырддзастдзинад æмæ æнгом архайдтытыл баст у арæнгæрон зонæйы фæтк æххæст кæнын, бæстæйы территориалон æнæхъæндзинад фехалынмæ æртхъирæнтæ æмæ æнæзакъонон миграци ма æруадзын.

Хæстонтæ-арæнхъахъхъæнджытæ сты паддзахадон æдасдзинады бындур æддагон æртхъирæнтæй хъахъхъæныны хъуыддаджы. Нæ хæс у, йæ цард чи снывонд кодта нæ бæстæйы ирд фидæны тыххæй, уыдоны рухс нæмттæ нæ зæрдыл дарын æмæ кад кæнæм, æрвылбон йе службæ æхсарджынæй, хъæддыхæй æмæ удуæлдайæ чи хæссы, уыцы хæстонтæн.

Ныфс мæ ис, сымах дарддæр дæр кадимæ кæй æххæст кæндзыстут уæ разылæууæг хæстæ.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, æнтыстытæ профессионалон архайды Республикæ Хуссар Ирыстоны хæрзиуæгæн, сабырад æмæ хорздзинад уæхицæн æмæ уæ бинонтæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

 

***

Арфæ кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Æдасдзинады паддзахадон комитеты арæнгæрон службæйы сæрмагонд сконд æмæ ветерантæн ведомствойы сарæзтыл 18 азы  сæх-хæсты цытæн!

Йæ сырæзтæй фæстæмæ Арæнгæрон службæ æнтыстджынæй скъуыддзаг кæны нæ республикæйы арæнтæ, арæнгæрон зонæйы йæ интерестæ хъахъхъæныны фæдыл хæстæ.

Нæ паддзахадæн зын азты хæстонтæ-арæнхъахъхъæнджытæ егъау хайбавæрд бахастой гуырдзиаг хæстон агресси аиуварс кæнын æмæ нæ зæххыл сабырад сифтонг кæнынмæ. Абон нæ хæстонтæ уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытимæ æххæст кæнынц Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæн хъахъхъæнын, æнтыстджынæй æххæст кæнынц, бæстæйы разамынад цы стратегион хæстæ æвæры, уыдон.

Ацы нысаниуæгджын боны мæ бузныг зæгъын фæнды Арæнгæрон службæйы ветерантæн дæр. Уыдоны хъайтардзинад, уды хъæддыхдзинад, профессионалон хæсыл æнувыддзинад сты æцæг патриотизм æмæ Райгуырæн зæххæн лæггад кæныны цæвиттон.

Ныфс мæ ис, дарддæр дæр Арæнгæрон службæйы кусджытæ кадимæ кæй æххæст кæндзысты аккаг хæстон традицитæ.

Мæ зæрдæ уын зæгъы æнæниздзинад, фæрныгад æмæ сабыр арвы бын царды фæндиæгтæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар

ДЖУССОЙТЫ Константин

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.