Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты Арæнгæрон службæйы рæнхъон скондæн, службæйы сырæзтыл 17 азы сæххæсты сæраппонд.

Арæнхъахъхъæнджыты хæстæ сты æнæфæивгæ – æнувыдæй райгуырæн зæхх хъахъхъæнын, арæныл хизыны закъондзинад куыд æххæст цæуы, ууыл контроль кæнын, бæстæйы сæрибардзинад æмæ территориалон æнæхъæндзинадмæ цахæмфæнды фæныхылдтытæн дæр æхсарджынæй дзуапп дæттын.

Уæ уæхсджытыл æвæрд ис стыр бæрндзинад. Хæстæ æххæст кæнынмæ уæ намысджын ахастæй комкоммæ æвдисы не ‘мбæстæгты æдасдзинад.

Абон нæ арæныл иууыл æндыгъддæр бынат у Знауыры районы Уистайы хъæу. Уæ æхсардзинад æмæ патриотизм фадат радтой арæныл гуырдзиаг тыхон структурæты дарддæры провокацитæ æруромынæн, хъæуы цæрджы-тæн та сæ хæдзæртты æдыхстæй цæрынæн.

Бузныг уын зæгъын тасдзинæдты ныхмæ уæ удуæлдайдзинады æмæ уæ разылæууæг хæсты ды-рысæй æххæст кæныны тыххæй.

Ацы зæрдылдарæн боны уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, удвидардзинад æмæ дарддæры æнтыстытæ! Сабырад æмæ фæрныгад уæхицæн дæр æмæ уæ бинонтæн дæр!

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæт!

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

 

***

Хуссар Ирыстоны Арæнгæрон службæйы зынаргъ арæнхъахъхъæнджытæ æмæ ветерантæ!

Хицауады номæй уын арфæ кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты Арæнгæрон службæйы сырæзты боны сæраппонд.

Райгуырæн бæстæйы арæнтæ хъахъхъæнын кæддæриддæр уыдис тæссаг, фæлæ иттæг кадджын хъуыддаг. Истори бирæ цæвиттонтæ зоны, растдæр-иу арæнхъахъхъæнджытæ сæхимæ куы райстой знаджы фыццаг, иууыл уæззаудæр цæфтæ, Фыдыбæстæйы хъахъхъæнгæйæ.

Хуссар Ирыстоны хæстонтæ-арæнхъахъхъæнджытæ аккагæй æххæст кæнынц се стыр æмæ бæрнон мисси, арæнгæрон æфсæдты истори æмæ традицитæ намысджынæй хъахъхъæнгæйæ.

Зынаргъ хæлæрттæ! Ацы зæрдылдарæн боны мæ уæлдай бузныджы ныхæстæ фæнды зæгъын арæнгæрон службæйы ветерантæн. Уе ‘хсардзинад, удвидардзинад, фæндвидардзинад сты æцæг патриотизмы цæвиттон æмæ хуызæг бæстæйы фидæны хъахъхъæнджытæн.

Уырны мæ, дарддæр дæр арæнхъахъхъæнджытæ, сæ ардбахæрд æмæ службæйон хæсыл æнувыд уæвгæйæ, ныфсджынæй кæй ифтонг кæндзысты Республикæ Хуссар Ирыстоны арæнты хъахъхъæнынад.

Мæ цæст уын уарзы æнтысгæ службæ, фидар æнæниздзинад, сабырад æмæ фæрныгад!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар БЕКЪОЙТЫ Геннади

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.