РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Æдасдзинады федералон службæйы Арæнгæрон управле-нийы кусджыты Паддзахадон æдас-дзинады органты кусæджы боны цытæн.

Цытджын мадзалы байхъустæуыд Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины арфæмæ.

Арæнгæрон управленийы хистæр Владимир Шемелинин раарфæ кодта службæгæнджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны сæраппонд æмæ ма бакаст Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады федералон службæйы къухдариуæггæнæджы арфæ дæр.

Йæ раныхасы Владимир Шемелинин банысан кодта, Арæнгæрон управлени æххæстæй дзуапп кæй дæтты паддзахадон арæн хъахъхъæныны нырыккон домæнтæн æмæ кæй у Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæн хъахъхъæныны гарант, управленийы кусджы-тæ та цытимæ кæй æххæст кæнынц се службæйон-оперативон хæстæ.

Уый ма æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта Гуырдзыстонимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны арæныл хизыны фæтк халыны цаутимæ.

«Ацы аз Арæнгæрон управленийы кусджытæ баурæдтой 149 арæнхалæджы, 180 адæймаджы фехæлдтой арæнгæрон режим, байстæуыд 13 иуæджы æхсæнгæрзтæ, паддзахадон арæныл æрурæдæуыд товартæ ласыны фæдыл æнæзакъонон архайд, кæцыты иумæйаг аргъ уыдис иу милуан сомæй фылдæр, фæивар чындæуыд 700 мин сомы бæрц», – загъта арæнгæрон управленийы хисдæр.

Президент Бибылты Анатоли Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы номæй бузныг загъта Арæнгæрон управленийы рæнхъон скондæн.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæн хъахъхъæныны фæдыл сымахыл цы бæрндзинад æвæрд ис, уый иттæг бæрзонд у æмæ сымах, æнæдызæрдыгæй, аккагæй æххæст кæнут, Арæнгæрон управлени æмæ Уæрæсейы разамынад, иумæйагæй сисгæйæ, уæ разы цы хæстæ æвæрынц, уыдон.

Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæн хъахъхъæнын комкоммæ баст у æппæт Уæрæсейы æдасдзинадимæ. Уымæ гæсгæ, абон, практикон æгъдауæй, реализаци æрцыд æдасдзинады иууон контуры фæдыл программæ.

Паддзахадон æдасдзинады органты кусджыты раз цы хæстæ лæууынц, уыдон уæрæх сты æмæ æнæ уыдон скъуыддзаг кæнгæйæ, нæй гæнæн ахъуыдыгæнæн дæр паддзахады уæвы-надыл», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли банысан кодта Уæрæсейы Æдасдзинады федералон службæйы Арæнгæрон управлени æмæ РХИ-йы Паддзахадон æдасдзинады комитеты ‘хсæн æмархайды бæрзонд æмвæзад.

Арæнгæрон управленийы кусджытæн Президенты цæст бауарзта æнæниздзинад, куысты æнтыстытæ æмæ бинонты фæрныгад.

Арæнгæрон управленийы хуыздæр кусджытæн лæвæрд æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзæхтæ.

Арæнхъахъхъæнджытæн ма раарфæ кодтой РХИ-йы УФ-йы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов æмæ РХИ-йы Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæрдар Олег Ширан.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.