Республикæ Хуссар Ирыстоны Æдасдзинады паддзахадон комитеты Арæнгæрон службæйы сырæзты бон нысан кæныны цытæн Президент Гаглойты Алан бабæрæг кодта, Цънелисы хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арæныл цы арæнхъахъхъæнджытæ службæ кæнынц, уыдоны.

Паддзахады сæргълæууæгимæ уыдысты Æдасдзинады паддзахадон комитеты сæрдар Олег Ширан æмæ Æдасдзинады паддзахадон комитеты Арæнгæрон службæйы къухдариуæггæнæджы хæстæ æххæстгæнæг Алиханты Валери.

Алиханты Валери уæлдæркомандагæнæгæн фехъусын кодта арæны ацы фадыджы оперативон уавæры тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, арæнхъахъхъæнджытæ паддзахадон арæнтыл сфидар кодтой информацион нысæнттæ.

«Арæнгæрон постцæстдарды тыхтæй мах контроль кæнæм ацы бынат. Уымæй уæлдай ма, махæн ис комкоммæ бастдзинад Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады федералон службæйы арæнхъахъхъæнджытимæ», – загъта уый.

Гаглойты Алан ма бабæрæг кодта фельдшерон-акушерон пункт, базонгæ ис ФАП-ы кусджыты цы проблемæтæ тыхсын кæнынц, уыдонимæ.

Паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта арæнхъахъхъæнджытæн сæ ведомствойы сырæзты боны цытæн æмæ загъта:

«Арæнгæрон службæйæн ис ахсджиаг нысаниуæг РХИ-йы национ æдасдзинад æмæ не ‘мбæстæгты сабырад ифтонг кæныны хъуыддаджы. Бынаты сæ уавæртимæ базонгæ уæвгæйæ мæ бон у æвæрццаг аргъ скæнын сæ уавæртæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, ис ахæм фарстатæ, кæцытæ скъуыддзаг цæудзысты фæд-фæдылонæй. Уый у зын, фæлæ хæрзиуæгон куыст – Райгуырæн зæхх хъахъхъæнын. Ныфс мæ ис, Арæнгæрон службæйы кусджытæ дарддæр дæр æппæт тыхтæ кæй ратдзысты паддзахадон арæны стабилондзинад æмæ фæтк ифтонг кæныны хъуыддаджы».

Президенты цæст бауарзта Арæнгæрон службæйы разамынад æмæ æппæт сæрмагонд скондæн фидар æнæниздзинад, æнтыстытæ æмæ сабыр арвы бын царды фæндиæгтæ.

Гаглойты Алан арæнхъахъхъæнджытæн ба-лæвар кодта тепловизор æмæ сын радта хæлцадон продукттæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.