РÆСУГЪДДЗИНАД ÆМÆ НАЦИОН ХÆЗНАТÆ ПАРАХАТ КÆНГÆЙÆ

Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын Культурæйы ку-сæджы боны цытæн.

Нæ культурæ арæзт цыд бирæ æнусты дæргъы, уникалон традицитæ æмæ нæ адæмы æнтыстытæ баиу кæнгæйæ. Ацы иумæйагнацион хæзна хæссы тыхджын фæлдисынадон энерги æмæ у не ‘хсæнады рæзты фактортæй сæ иу, афтæ ма у æвзонг фæлтæр хъомыл кæныны бындур.

Культурæйæн лæггад кæнынæн сæ цард чи снывонд кодтой, уыдон æрмæст рæсугъддзинад нæ фæлдисынц, фæлæ ма, æхсæнады монон æмæ удварнон æгъдауæй хъæздыгдæр кæнынц. Уыдон хæссынц егъау бæрндзинад – национ культурæ хъахъхъæнын æмæ йæ фидæны фæлтæртæм адæттын, агурынц ног формæтæ нæ егъау культурон традицитæ парахат кæнынæн.

Ныфс мæ ис, уæ профессионализм æмæ сфæлдыстад дарддæр дæр кæй ахъаз кæндзæн ирон æхсæнады монон-хæрзнамысон ориентиртæ биноныг кæныныл хорзæрдæм æндавынæн.

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ цæст уарзы удцырынад, амонд æмæ фæрныгад. Сабырад æмæ хæрзиуджытæ уæхицæн æмæ уæ хиуæттæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

 

 

АРФÆ  КОНТРОЛОН-НЫМАЙÆН  ПАЛАТÆЙЫ КУСДЖЫТÆН

Республикæ Хуссар Ирыстоны Контролон-нымайæн палатæйы цытджын кусджытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын æппæт коллективæн  Республикæ Хуссар Ирыстоны Контролон-нымайæн палатæйы сырæзтыл 15 азы сæххæсты цы-тæн.

Организацийы архайды рæстæджы кусджытæ райстой  хорз профессионалон фæлтæрддзинад æмæ зонындзинæдтæ, кæцы æвæрццагæй æндавы ведомствойы разылæууæг хæстæ æххæст кæныны хъуыддаджы. Уæ куыст нæ быхсы рæдыдтытæ, домы хъусдард. Уæ организацийы архайд здæхт у бæстæйы экономикон æдасдзинад сифтонг кæнын, экономикæйы финансон бархалынæдтæ æргом кæнын, бюджетон фæрæзтæй нысанмæздæхтæй пайда кæнын, æмæ уыдæттæ та ахъаз кæнынц финансон-бюджет фадыджы закъондзинад сфидар кæнынæн.

Ацы нысаниуæгджын боны мæ цæст уарзы ведомствойы æппæт кусджытæн фидар æнæниздзинад, амонд, куысты æнтыстытæ æмæ фæрныгад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.