Хуссарирыстойнаг богал Джиоты Арсений ссис, 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы чемпионаты уæлахиздзау. Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæнинæгтæй ма фыццаг бынат бацахста Гобаты Артем. Арсений иууыл цæттæдæр разынд 79 кг уæзы категорийы. Артемæн та аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд 57 кг уæзы категорийы. Ирон спортсментæй дыккаг бынæттæ та бацахастой Плиты Алан (92 кг), Хъотайты Тимур (86 кг) æмæ Бугулты Зауырбег (70 кг). Бронзæйон призертæ та систы Джиоты Жорик (97 кг), Таугазты Ирбег (97 кг) æмæ Тусхъаты Витали (86 кг).

Чемпионаты фæстæ Каспийскы уагъд æрцыд 23 азы онг кæуыл цæуы, уыцы богалты ‘хсæн Дагъыстан æмæ РЦИ-Аланийы æмбырдгонд командæты хæларадон матчон фембæлд. Уæлахиз бафтыд фысымты къухы 6:4 хыгъдæй. РЦИ-Аланийы æмбырдгонды скондæй сæ тохтæ рамбылдтой Хуыбылты Ален (125 кг), Козырты Сергей (97 кг), Багаты Алан (92 кг) æмæ Наниты Славик (86 кг).

ФУТБОЛ

Национ футболон къорды чемпионаты дыккаг хъазты фæд-фæдыл фæхæрд Дзæуджыхъæуы «Алани». 29-æм туры 0:1 хыгъдæй фембылд Астраханы «Волгарь»-æн. Ныр алайнæгтæ турнирон таблицæйы ахсынц 4-æм бынат. Радон туры «Алани» хъаздзæн Липецкы «Металлург»-имæ.

ТЕННИС

Ирон теннисист Хъæрæцаты Аслан рахызт Майамийы уагъдцæуæг «Мастерсы» серийы турниры æртыккаг зылдмæ. Аслан дыккаг зылды хъазты фæуæлахиз французаг Уго Умберыл. Фембæлд фæцис 7:5, 6:2. Хъазт цыдис 1 сахат æмæ 47 минуты.

Хъæрæцайы фырты радон ныхмæлæууæг уыдзæн польшæйаг Хуберт Хуркач.

АРМСПОРТ

Армспортæй РЦИ-Аланийы æмбырдгонд командæ фыццаг командон бынат бацахста Уæрæсейы чемпионаты, кæцы уагъд цыд Санкт-Петербурджы.

Рахиз æмæ галиу къухæй рахæцыны фæстæ фыццаг бынæттæ бацахстой Цереккаты Роман, Фæрниаты Егор, Золойты Алан, Байты Миланæ, Хортиты Оксанæ æмæ Хъайырты Мадинæ. Æвзист призертæ систы Таутиаты Георги æмæ Дзуццаты Елизаветæ. Бронзæ майданты хицæуттæ та баисты Хуыбиаты Ирбег, Касаты Тамералн, Дыгурты  Сæрмæт æмæ Золойты Хаджимурат.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.