Театры цытджын кусджытæ æмæ театралон аивадуарзджытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты номæй æмæ сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын Театры дунеон боны цытæн!

Театралон аивад у æхсæнады культурæйы æнæфæхицæнгæнгæ хай, йæ монон цард æмæ хæрзæгъдаудзинад. Æрмæстдæр сымахæн, сценæйы дæснытæн, уæ бон у адæймаджы уд сфæйлауын кæнын, зæрдæтæ фырцинæй æнкъуысын кæнын æмæ цард арфдæрæй банкъарын.

Театры диссаджы атмосферæ у уæлтæмæнады, уарзондзинады æмæ æнæферохгæнæн эмоциты гуырæн.

Зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ, уæ оптимизм, куыстуарзондзинад æмæ театрмæ уарзондзинад сымах нæ фæтасын кодтой. Ныр ног, хæрзвадат уавæрты сымах дарддæр дæр сценæмæкæсджытæн хæссут циндзинад.

Уæ профессионалон бæрæгбоны уын мæ цæст уарзы æнтыстджын ролтæ, ирд спектаклтæ, æвидигæ удцырынад, фидар æнæниздзинад, амонд,  сценæмæкæсæджы æцæг уарзондзинад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны Контролон-нымайæн палатæйы цытджын кусджытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын Контролон-нымайæн палатæйы сырæзты боны цытæн!

Уæ ведомствойы уæвынады азты, куыд бюджетон фæрæзтæ хардз кæныны фæдыл финансон-экономикон контролкæнынады орган, афтæ бацахста аккаг бынат республикæйы паддзахадон хицауады органты системæйы. Экономикæйы фадыгмæ баст контроль æмæ бархалынæдтæ рабæрæг кæныны системæйы куыст æнтыстджынæй бæстонгонд æрцыд.

Ныфс мæ ис, дарддæр дæр республикæйы финансон-бюджетон фадыджы уæ хæстæ гъæдджынæй æххæст кæнын кæй ахъаз кæндзæн уæ архайды эффективондзинад фæбæрзонддæр кæнынæн æмæ фадат кæй ратдзæн куысты хорз фæстиуджытæ къухты æфтын кæнынæн.

Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, æнтыстытæ æмæ дарддæры активон архайд.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.