«Альфа»-йыл сæххæст 45 азы

Легендарон специалон дæлхай «Альфа»-йыл сæх-хæст 45 азы. «А» къорд арæзт æрцыд 1974 азы 29-æм июлы Советон Цæдисы Æдасдзинады паддзахадон комитеты сæрдар Юрий Андроповы уынаффæмæ гæсгæ. Ахæм уынаффæ ист æрцыд 1972 азы Мюнхены Олимпиадæйы теракты фæстæ. Уæд ныббырсты амæттæгтæ систы израилаг æмбырдгонд командæйы 11 уæнджы. «Альфа»-йы  фыццаг сконды афицер, фæсауæрцы булкъон Михаил Головатов, кæцы фæстæдæр слæууыд «Альфа»-йы сæргъ, куыд загъта, афтæмæй разæй уыд 1980 азы Мæскуыйы Олимпиадæ æмæ 1972 азы Мюнхены террористон организаци «Черный сентябрь»-ы уæнгтæ израилæгты амынæты кæй райстой, уый гæнæн уыд фæлхатгонд æрцыдаид. Оперативон уавæр домдта, цæмæй арæзт æрцыдаид антитеррористон дæлхай. «А» къорды фыццаг скондмæ бацыдысты 30 афицеры. Ног дæлхай саразыныл контроль йæхимæ райста Юрий Андропов, кæцы сфидар кодта дæлхайы фыццаг сконд.

 «Альфа»-йæн фыццаг хæслæвæрд уыд 1976 азы декабры Швейцарийы Чилийы Коммунистон партийы централон комитеты генералон секретарь Луис Корваланы диссидент Владимир Буковскийыл баивд æнæ трагикон цаутæй сифтонг кæнын. Фыццаг æнтыстджын операцитæй иу ссис террористы нейтрализаци, кæцы æртхъирæн кодта 1979 азы Советон Цæдисы АИШ-ы минæварады территорийыл срæмыгъд саразынæй. «Альфа» серьезон æфсæддон хæс райста 1979 азы 27-æм январы. Йæ хæстонтæ «Зенит»-ы къорд æмæ афтæхуыйнæг «Пысылмон батальон»-ы æххуысæй штурмæй систой Афганистаны президентон галуаны. Объекты хъахъхъæдтой 2 мин адæймаджы, спецназонтæ та уыдысты æдæппæтæй 360 адæймаджы. «Альфа»-йыл уæд æрцыд фыццаг зиæнттæ, фæмард сты афицертæ Геннадий Зудин æмæ Дмитрий Волков. Фæстæдæр дæлхайы сæйрагдæр хæстæй сæ иу ссис террористты куынæг кæнын æмæ амынæтты сæрибар кæнын. Ахæм операциты ‘хсæн сты 1981 азы Сарапулы, 1983 азы Тбилисы æрцахсгæ хæдтæхæг Ту-154 –  амынæты, 1988 азы декабры мæйы Орджоникидзейы сывæллæтты ссæрибар кæнын. Орджоникидзейы операци историмæ бацыд «Взбесившийся автобус»-ы номимæ. 1995 азы «Альфа» хайад иста Буденновск æмæ Первомайскы амынæтты ссæрибар кæныны æфсæддон операциты. 2002 азы йæ хæстонтæ ссæрибар кодтой Дубровкайы «Норд-Ост»-ы амынæтты æмæ 2004 азы та ссæрибар кодтой Беслæны 1-æм скъолайы сывæллæтты, кæцыйы рæстæджы фæмард сты цалдæр спецназоны.

«Альфа»-йы дæлхайы Ветеранты дунеон ассоциацийы вице-президент Сергей Поляковы ныхæстæм гæсгæ, 1991 азы онг хæстонтæ æмбырд кодтой сæ тыхтæ. 1991 азæй Вильнюсы цауты рæстæджы фæ-мард спецдæлхайы æвзонг хæстон. «Альфа»-йыл стырдæр зиæнттæ æрцыд Цæцæны фыццаг æмæ дыккаг контртеррористон операциты рæстæджы. Фæмард сты афицертæ, амынæтты цард кæнæ сæ хæстон æмгæртты цард ирвæзын кæнгæйæ.

1980 азы æмбисæй фæстæмæ дæлхайы кусджытæ уыдысты Советон Цæдисы территорийы хæстон бынæтты  Душанбе, Баку, Тбилис, Хæххон Къарабахы. 1991 азы фæстæмæ «Альфа»-йы хæс ссис Советон Цæдисы æмæ уый фæстæ та УФ-йы президент хъахъхъæнын. Азы дæргъы уагътой 40 операцийы бæрц. 45 азмæ ивд æрцыдысты хæстонты фæлтæртæ, ныртæккæ къорды службæ кæнынц фыццаг æмæ дыккаг сконды хæстонты сывæллæттæ.

1998 азæй фæстæмæ «Альфа» ис Уæрæсейы Æдасдзинады федералон службæйы сæрмагонд нысаниуæджы центры, фæстаг азты спецназ ссис сæйраг тых, кæцы куынæг кæны Цæгат Кавказы дунеон терроризм. Сергей Поляковы ныхæстæм гæсгæ, абон дунейы нæй «Альфа»-йæ цæттæдæр чи сты, ахæм дæлхæйттæ. «Альфа»-йы ветеранты ныхæстæм гæсгæ, цæмæй дæлхайы хæстон суай, уый тыххæй хъæуы æхсæз-авд азы. «Альфа»-йы чи службæ кодта, уыдон цæрæнбонтæм баззайынц йæ кусджытæй.

Æрмæгыл бакуыста

ЧЕРТХЪОТЫ Жаннæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.