Ацы дунейыл æнæныфсæй, æнæфæхæцæгæй зын цæрæн у æрмæст мах хуызæн чысылнымæц адæмтæн нæ, фæлæ стыр адæмтæ æмæ стыр бæстæтæн дæр. Уæлдайдæр ныры хæццæ дуджы – цард йæ мидис кæм сафы, фылдæр фæллой скæныны охыл искæй къухмæ мæгуыры лæдзæг радтыны монц æмæ æдыхдæры ныцъист кæнынмæ тырнындзинад царды хæрзиуæгон æууæлтыл кæм уæлахиз кæнынц, адæймаджы фарн цъаммардзинады къæхты бынмæ кæм æрхауд, уыцы æмтъеры дуджы. Уыцы дуджы азар мах хуызæн ничи бавзæрста йæхиуыл йе ‘рбалæудæй фæстæмæ. Æмæ, басæттæм ыл, нæ йын сфæрæзтаиккам, Уæрæсе нæ йæ дæлбазыр куынæ бакодтаид, уæд. Бæлвырддæр зæгъгæйæ, Уæрæсейы сæргъ, нæ амондæн, йæ абоны лидер Владимир Путин куынæ слæууыдаид, уæд…  Уымæн æмæ уæды онг дæр уыцы Уæрæсейæн лæгъзтæ кодтам, ныфс уымæй æвæрдтам, фæлæ…

Уымæ гæсгæ мах хæсджын стæм йæ разы. Нæ сæйраг хæс ис уый мидæг, цæмæй абон йæ ныхмæ чи дзуры, йæ авторитет ын æрныллæг кæныныл чи архайы, мах уыдоны ма фæзмæм, уымæн æмæ алкæмæн дæр йæхи хъысмæт, йæхи ныхыфыст æмæ йæхи хæстæ ис… Махæн нæ хæлар, нæ ирвæзынгæнæг, нæ царды ныфс у. Арфæйаг нын у æмæ нын афæйаг уымæн вæййы йæ гуырæнбон дæр.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинæн йæ гуырæнбоны фæдыл. Арфæйы фыстæджы дзырдæуы:

«Цытджын Владимир Владимиры фырт!

Айс мын мæ иузæрдион арфæтæ æмæ иууыл зæрдæбындæр фæндиæгтæ дæ райгуырæн боны фæдыл. Æхсызгон мын у, дæуæн зæрдæбын арфæ ракæныны фадат мын кæй ис, уый.

Куыд паддзахады сæргълæууæджы, афтæ дæ æвæллайгæ разæнгардгæнæн архайд Уæрæсейы Федерацийæн фæстæмæ раздæхта хъомысджын бæстæйы  статус, бæрзонд схызтысты йæ авторитет, æмæ йе ‘ндæвдад æхсæндунеон ахастыты, æмæ уый фæрцы нæ бæстæйæн дæр байгом сты историон размæцыды дуæрттæ, кæцыйæн йæ хъысмæт æнусты дæргъы æнæаскъуынгæйæ баст у уæрæсейаг паддзахиуæгадимæ. Хуссар Ирыстоны адæмы хъуыдыкæнынады дæ ном баст у республикæйы мæлæты тасдзинадæй фервæзын кæнынимæ, ныфсдæттæг сабырдзинад къухы бафтын кæнынимæ, сомбоныл æууæнк æмæ рæзтимæ.

Ацы нысаниуæгджын бон, цытджын Владимир Владимиры фырт, мæнæн уæлдай æхсызгон у дæуæн зæрдæбын арфæ ракæнын фидар æнæниздзинады, царды энерги, ног æнтыстытæ, уæлахизтæ æмæ размæцыды æнтыстытæ Уæрæсейы паддзахиуæгад æмæ бирæнацион адæмы фæрныгады сæраппонд».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.