Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады федералон службæйы Арæнгæрон управленийы хистæр Владимир Щемелининæн РХИ-йы Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады федералон службæйы Арæнгæрон управленийы сырæзтыл 11 азы сæххæсты боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Владимир Сергейы фырт!

Зæрдиаг арфæ кæнын дæуæн æмæ  Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады федералон службæйы арæнгæрон управленийы æппæт кусджытæн управленийы сырæзтыл 11 азы сæххæсты боны цытæн.

Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады федералон управленийæн йæ фыццаг бонтæй фæстæмæ ис стыр нысаниуæг Республикæ Хуссар Ирыстоны арæнгæрон æдасдзинад ифтонг кæнын Гуырдзыстонимæ паддзахадон арæныл. Абон Арæнгæрон управленийы æфсæддонты цырддзастдзинад, профессионализм æмæ цæттæдзинады бæрзонд æмвæзады фæрцы, уыдонæн бантыст арæныл бартæ халæн архайдтыты нымæц фæкъаддæр кæнын, кæцы ахъаз кæны республикæйы арæнты цур районты стабилондзинад сфидар кæнынæн.

Службæйы аккаг традицитыл æнувыддзинад хъахъхъæнгæйæ, хъæбатырдзинад æмæ хæсы æнувыддзинады цæвиттон æвдисгæйæ, Хуссар Ирыстоны уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ кадимæ æххæст кæнынц сæ мисси, террористон тасдзинадæн, бæстæйы территориалон суверенитет ма фехалыны фидар бындур æвæргæйæ.

Бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын, республикæйы цы уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ кусынц, уыдонæн сæ цæсгомджын службæ, профессионализм æмæ компетентондзинады тыххæй. Уыдоны службæ æмæ хæсмæ æнувыддзинады фæрцы Хуссар Ирыстоны адæмæн сæ бон у сабыр цард кæнын æмæ йæ сомбонмæ ныфсимæ кæсын.

Ацы бæрæгбоны, Владимир Сергейы фырт, дæуæн æмæ управленийы æппæт кусджытæн мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, фæрныгад æмæ æнтыстытæ дæ бæрнджын службæйы. Сабырад, хорздзинад æмæ амонд сымахæн æмæ уæ бинонтæн».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.