Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли хайад райста Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Æдасдзинады федералон службæйы Арæнгæрон управленийы мадзæлтты, кæцытæ арæзт æрцыдысты Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон æдасдзинады органты кусæджы боны цытæн.

Мадзалы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Республикæ Хуссар Ирыстоны Æдасдзинады паддзахадон комитеты сæрдар Олег Ширан.

Арæнгæрон управленийы хистæр Владимир Щемелинин раарфæ кодта службæгæнджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн æмæ сын бакаст Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады федералон службæ æмæ Хъахъхъæнынады федералон службæйы къухдариуæггæнджыты арфæтæ.

Уый æрбавдыста бæрæггæнæнтæ Хуссар Ирыстоны арæн фехалыны фæдыл.

«Ацы аз Арæнгæрон управленийы кусджытæ æрцахстой паддзахадон арæн халджытæй 186, арæнгæрон режимы 210 халæджы. Административон бархалджыты фæдыл  иварты бæрц уыд 800 мин сомæй фылдæр», – банысан кодта Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады федералон службæйы арæнгæрон управленийы хистæр.

Бибылты Анатоли йæ раныхасы банысан кодта, уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджыты куыст баст кæй у Уæрæсейы Федерацийы арæнты ахсджиагдзинады æмбарынадыл.

«Æмæ абон уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ хъахъхъæнынц æрмæст Уæрæсейы арæнтæ нæ, фæлæ æххæст кæнынц хæстон хæс Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæн хъахъхъæ-ныны фæдыл дæр, кæцы дзурæг у, Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстонмæ кæй кæсы куыд ахсджиаг æмæ удыхъæдæй æввахс паддзахадмæ», – загъта Президент.

Уый банысан кодта, Арæнгæрон управленийы кусджыты фæрцы Республикæ Хуссар Ирыстоны арæнтæ кæй сты æнæфæныхилгæ.

«Уæ фæрцы ахст цæуынц ахæм адæм, кæцытæ æнæзакъонæй хизынц нæ арæныл, ифтонг кæнынц Республикæ Хуссар Ирыстоны арæн хъахъхъæнынад, иуварс цæуынц провокацитæ, кæцыты, куыд æй зонæм афтæ, Гуырдзыстон нæ уадзы иу бон дæр. Бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын куыд Президент, афтæ мæхи æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы номæй уæ службæйы, уæ ахасты, профессионализм æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны арæнтæ хъахъхъæнынмæ цæттæдзинады тыххæй», – загъта Бибылты Анатоли.

Президент паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады федералон службæйы арæнгæрон управленийы кусджыты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.