2008 азы  августы Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны агрессийæн уыд геополитикон, экономикон æмæ æндæр фæстиуджытæ. Уыцы хæсты рæстæджы Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхтæ æххуысмæ æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ æмæ хуссайраг ирæтты скуынæгæй   фервæзын кодтой. Уый фæстæ Уæрæсейы Федераци официалонæй банымадта Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад.

Уæдæй фæстæмæ дыууæ паддзахады ‘хсæн рæзт цæуынц дыууæфарсон æхсæнпаддзахадон ахастытæ. Арæзт æрцыд æмæ дарддæр дæр цæуынц алыгъуызон бадзырдтæ æмæ сразыдзинæдтæ. Уыцы документтæй иууыл ахсджиагдæрты ‘хсæн ис Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæны УФ æмæ РХИ-имæ иумæ хъахъхъæныны тыххæй  2009 азы 30 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы  Федерацийы ‘хсæн цы дыууæфарсон сразыдзинад арæзт æрцыд, уый. Уый фæстиуæгæн 30 апрель нымад æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Æдасдзинады Федералон Службæйы Арæнхъахъхъæнæг управленийы сырæзты боныл.

Ацы сразыдзинады руаджы 11 азы дæргъы Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы иумиаг тыхты фæрцы хъахъхъæд цæуынц Хуссар Ирыстоны арæнтæ. Иумиаг тыхты руаджы фæкъаддæр сты арæн халыны цаутæ.

2010 зæй 2012 азмæ арæзт æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдысты æфсæддон городоктæ, административон æмæ цæрæн комплекстæ. 

Паддзахадон арæн хъахъхъæныны системæ хуыздæрæй хуыздæр кæны. Эксплуатацимæ лæвæрд цæуынц  техникон фæрæзты ног хуызтæ, кæцыты фæрцы эффективонæй æххæст цæуынц оперативон-службæйон хæслæвæрдтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.