Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын Хъæууон хæдзарады кусæджы боны цытæн!

Хъæууон хæдзарад у национ экономикæйы сæйрагдæр фадгуытæй сæ иу, Республикæ Хуссар Ирыстоны хæлцадон æдасдзинады гарант. Национ хæзна аразгæйæ, хуссарирыстойнаг аграритæ æмæ фосдарджытæ стыр хайбавæрд хæссынц нæ бæстæйы социалон-экономикон хъомысад бахъахъхъæнын æмæ фæуæрæхдæр кæнынмæ. Сымах, æцæгæйдæр стут куыстуарзаг æмæ тыхджын удыхъæды адæймæгтæ, кæцытæ хатынц райгуырæн зæххы ад. Уæ куыстыл баст у нацийы æнæниздзинад бахъахъхъæнын.

Бузныджы ныхæстæ уын зæгъын уæ куыстуарзондзинад æмæ равзаргæ фæндагыл æнувыддзинады тыххæй. Ныфс мæ ис, сымах дарддæр дæр æппæт уæ тыхтæ кæй ратдзыстут хъæууонхæдзарадон фадыджы эффективондзинад фæбæрзонддæр кæнынæн.

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, амонд, уды æвидийгæ тых æмæ ног æнтыстытæ Райгуырæн бæстæйы дидинæфтыды сæраппонд, сабырад æмæ фæрныгад уæхицæн æмæ уæ бинонтæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.