Æмбæстæгты хæрзиуæгад æмæ фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны фадыгмæ хъусдард здахыны фæдыл комитеты сæргълæууæджы хæдивæг Гаглойты Аннæ знон информацион фæрæзтæн куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны ПЦР лабораторийы цы 115 иртасæнтæ арæзт æрцыд ног коронавирусон инфекци рабæрæг кæныны нысанæн, уыдонæй 13 тестæн уыд æвæрццаг фæстиуæг.

Уымæ гæсгæ иу суткæйы дæргъы рабæрæг уал инфекцион низæй рынчыны. Уыцы рæстæг рынчындонæй рафыстой 27 адæймаджы, уый хыгъд дохтырты хъусдарды бын сты 1277 адæймаджы, кæцытæн хос цæуы куыд стационарон, афтæ амбулаторон æгъдауæй дæр. Иумæйагæй сисгæйæ, сентябры æмбисæй, ома, нæ бæстæйы территорийыл низ рапарахатæй фæстæмæ сæнæниз 348 адæймаджы.

Аннæйы ныхæстæм гæсгæ нæ республикæйы территорийыл коронавирусæй рынчынты иумæйаг нымæц у 1625. Дунейы ацы æнæхайыры пандемийы рапарахатæй фæстæмæ та ПЦР лабораторийы арæзт æрцыд 9 минæй фылдæр иртасæн куысты.

Дохтырты амындтытæм хъуамæ хъусæм

Нæ республикæйы бирæпрофилон медицинон центры дохтыртæ хатынц цæрджытæм, цæмæй ног коронавирусон инфекци апарахат кæныны ныхмæ æппæт профилактикон мадзæлттæ дæр хынцыд цæуой. Рынчындонæй цы пациентты рафыссынц, уыдон амбулаторон уавæрты кæронмæ хъуамæ хос кæной сæхицæн, сæ хъус дарой дохтыры амындтытæм. Архайой, цæмæй æнæниз адæймаджы ма фæрынчын кæной ацы вирусæй, æмæ хиизоляци хъахъхъæд цæуа дыууæ къуырийы дæргъы, санитарон эпидемиологон режим хъахъхъæной æмæ рæстæгыл хостæ нуазой.

Уавæр биноныг кæныныл архайынц æфсæддон госпиталы дæр

Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады бирæфункционалон медицинон æфсæддон госпиталь Хуссар Ирыстоны йæ райтынгæй фæстæмæ райста иу минмæ æввахс бынæттон цæрæджы. Уыдонæй кæмæн амбулаторон æгъдауæй цæуы хос, кæмæн та – ста-ционарон уавæрты.

Æфсæддон госпиталы пресс-службæйæ куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ ныртæккæ госпиталы стационарон æгъдауæй хос цæуы фæндзай адæймагæн. Ацы медицинон уагдоны, æрмæст коронавирусон инфекцийы ныхмæ тох кæнынæй дарддæр хос кæнынц æндæр низтæн дæр.

Бирæфункционалон госпиталь ифтонг у рæуджыты вентиляцигæнæн аппараттæй, пациенттæм хъусдарыны интенсивон монитортæй, УЗИ-йы аппараттæй, туджы анализатортæ æмæ ПЦР лабораторитæй. Мобилон æфсæддон госпиталь у ахæм быдырон медицинон дæлхай, кæцы стационарон уавæрты хос кæны алы патологиимæ рынчынтæн, уыцы нымæцы инфекцион здæхты дæр.

Ацы госпиталь у 150 бынатæн, фæлæ дзы райтынг кодтой сæдæ бынаты, æмæ, зæгъгæ, кæд бахъæуа, уæд фæхъомысджындæр кæндзысты сæ авналæнтæ. Йе сконды сты 133 æфсæддон службæгæнæг æмæ 37 сæрмагонд æфсæддон техникон иуæджы.

Ацы госпиталы цы рынчынтæ хос кодтой, уыдон райгондæй здæхынц сæ хæдзæрттæм. Цыма дзургæ бакодтой, уыйау, æрмæстдæр, кæнынц æппæлæн ныхас æфсæддон дохтыртæй. Хорз хъусдард, æмбæлон æркаст, æппынæдзух сæ фарсмæ, хатт сæ цыма фæлмæцгæ дæр кæнынц рынчынтæ: «куыд стут, уæхи куыд хатут», – ацы ныхæстæй.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.