Цытджын Сергей Викторы фырт!

Арфæ дын кæнын дæ юбилейы цытæн.

Ацы ахсджиаг цардуагон арæнмæ ды бахызтæ хъæздыг фæлтæрддзинад æмæ бирæнымæц æнувыд, чи дын аргъ æмæ кад кæны ахæм хæлæрттæ, коллегæтæ æмæ æмбæстæгтимæ.

Дæ куысты фæстиуджытæ алыхатт дæр дзуапп кодтой æмæ дзуапп кæнынц профессионализмы иууыл бæрзонддæр стандарттæн, Уæрæсейы Федерацийы рæзт æмæ дидинæфтыды хъуыддаджы зынгæ фæстиуджытæ хæсгæйæ. Дунейы фæзуаты дæ зонындзинæдтæ иууыл зындæр фарстытæ скъуыддзаг кæнгæйæ  гуырын кæнынц .

Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кæнынц нæ адæмы ‘хсæн хæлардзинад æмæ æмгуыстад сфидар кæныны хъуыддаджы дæ хайбавæрд æмæ æдзухон хъусдардæн.

Мæ цæст дын уарзы, цытджын Сергей Викторы фырт, фидар æнæниздзинад, уды хъæддыхдзинад, нырыккон æхсæнадæмон уавæрты куысты дарддæры æнтыстытæ æмæ æппæт профессионалон æмæ цардуагон  плæнтты  æххæсткæнынад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.