Специалисттæ куыд амонынц, афтæмæй нæ зæххытæ дзуапп дæттынц аграрон сектор райтынг кæнынæн. Хорз географион уавæртæ нæм ис фосдард райтынг кæнынæн дæр. Халсар, дыргъгуыст, фосдардгуыстгæнæн фермерон хæдзарадтæ цас фылдæр уа – нæ республикæйы, уыйбæрц та нæ экономикон уавæр уыдзæнис хуыздæр.

Фермерон хæдзарадты рæзт сифтонг кæныны нысанæн республикæйы бюджетæй рахицæн æрцæуы æхцайы фæрæзтæ. Кредиты хуызы цы æхцайы фæрæзтæ чи райсынц, уыцы фермертæй иутæ архайынц сæ хæдзарадтæ рауæрæхдæр кæныныл. Фæлæ ис ахæм амалиуæггæнджытæ дæр, кæцытæ архайынц æнæ хицауады æххуысæй, сæхи тыхтæй.

Ныртæккæ нæ республикæйы ахæм фермертæй сæ иу  у Цхинвалы районы Елтъурайы хъæуы цæрæг Сиукъаты Роберт. Уый кæны урсаджы продукци уадзыны куыст.

Сиукъаты Роберт фермерон куыст цалдæр азы размæ райдыдта. Йæ фермерон хæдзарады продукци уадзы «Фермер» маркæйы бын. Йæ руадзгæ продукцийæ иу хатт чи балхæны, уый йæ æнæдызæрдыгæй, иннæ хатт дæр æрцагуры. Уымæн æмæ  стыр хъусдард здахы продукцийы гъæдмæ. Зындзинæдтæ æмæ проблемæтæм нæ кæсгæйæ Сиукъаты Роберт тырны, цæмæй фæлхасгæнджытæ алы хатт дæр райгонд уой урсаджы гъæдæй æмæ йæ цы аргъмæ æлхæнынц, уымæй дæр.

«Уымæй хуыздæр цы ис, урсаджы продукттæй кæй ифтонг кæныс, уыдон дæ райгонд уой», – зæгъы Роберт.

Фермер ма куыд зæгъы, афтæмæй уымæн райдианы уыд 6 хъуджы. Æхсыр, бадзырдмæ гæсгæ, ласта горæты сывæллæтты цæхæрадæттæм. Фæлæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ сæ бадзырд фехæлд. Ныр æхсырæй дарддæр фермер уадзы мацъони, нæлхæ, æхсырысæртæ. Иу литр мацъони у 100 сомы, нæлхæйы килограммы аргъ – у 600 сомы æмæ æхсырысæртæйы килограмм та – 300 сомы.

Фæстаг азты Роберт йæ продукци уæй кодта Исахъы уынджы базары, фæлæ йæм бынатмæ дæр бирæ æлхæнджытæ бацæуы. Бæрæг фæуæрæхдæр кодта йæ хæдзарад, фæллой та кæны йæ цардæмбал Симæимæ. Кусджытæ æмæ сын æххуысгæнджытæ нæй. Сæ куыстытæ иууылдæр кæнынц лæгдыхæй. Æвгтыл цы этикеткæтæ ис ныхæст уыдон сты нæхи Полиграфион-кондадон баиугæнды мыхуыргонд. Цы æхсыр æрдуцынц уый фыццаджыдæр ныффæрсудзынц, стæй йæ стерилизаци скæнынц.

Роберты æмкъай Симæ куыд зæгъы, афтæмæй нæлхæ аразынæн æхсыры сæртæм бафтауы чысыл дон, уый фæстæ йæ 20 минуты бæрц сцæгъдынц сæрмагонд царвцæгъдæны. Нæлхæ куы сæвзæры, уæд æй æрæвæрынц уазалгомау бынаты.

Цæмæй фæлхасгæнæг ма гуырысхо кæна, продукци экологион æгъдауæй сыгъдæг кæй у, ууыл, уый тыххæй æртæ мæй иу хатт фермер аразы лабораторион басгæрстытæ йæ урсагæн «Югосетпотребнадзор»-ы лабораторийы. Уый фæстæ продукци æдас у, зæгъгæ, гæххæтт куы райсы æрмæстдæр ыл этикеткæ уæд баныхасы. Ис ын сæрмагонд уазалгæнæн машинæ æмæ сæ ууыл раласы горæтмæ. Сиукъаты Роберты куы фарстам, цавæр зындзинæдтыл æмбæлы йæ куысты, уæд загъта:

«Фермер йæ куыстыты фылдæр хъуамæ кæна техникæйæ. Фос чи дары, уый афæдзы алы афон дæр у æнæвдæлон. Куыд æмбæлы, афтæ куынæ зилай фосмæ, уæд нæ фылдæр кæндзæнис сæ продуктивондзинад. Зымæгмæ сæ рæстæгыл ифтонг хъæуы холлагæй. Иннæ ахæм, фосы бахизын хъæуы алыгъуызон низтæй. Фосыл дæр уалдзæджы æрбалæудимæ бахæцы алыгъуызон инфекцион низтæ – гуыбынниз, бруцеллез, фадниз æмæ а.д. Сæ хицау сæм рæстæгыл æмбæлонæй йæ хъус куы нæ æрдара, уæд иннæ стуртыл дæр бахæцы æмæ  æнæфтиаг фæвæййынц. Уыцы хъуыддаджы æххуыс кæнынц районты ветеринартæ, фæлæ уыдонмæ куы вакцинæ нæ вæййы афоныл, куы та ветдохтырты нæ февдæлы. Ахæм рæстæджы фермер йæхæдæг хъуамæ фердæха».

Сиукъаты Роберт куыд зæгъы, афтæмæй кæд зындзинæдтыл æмбæлы йæ архайды, уæддæр йæ хъуыдыйы ис йæ фермерон хæдзарад ноджы фæуæрæхдæр кæнын, цæмæй бынæттон, экологион æгъдауæй сыгъдæг урсаджы продукци æлхæной бынæттон фæлхасгæнджытæ. Ацы куыст райдайын кæй фæнды, уыдонæн та йæ фæнды зæгъын, цалдæр азмæ фермер æфтиаг кæй нæ райсы». Уый фæстæ кæд æмæ куыстæй нæ тæрсой, уæд уыдзæн фæстиуæг. Хицауад цы æхцайы фæрæзтæ дæтты фермерæн, уый цъус у, уымæн æмæ æрмæст стуртæ балхæнын æмæ уыдонæн фермæ саразыны фаг дæр не сты. Хъуамæ фермер техникæйæ дæр æххæст уа. Фæлæ, кæцыфæнды куыстæн дæр йæ райдайæн вæййы зын, хицауад цы фæрæзтæ дæтты кредиты хуызы, уыдонæй дæр хъуамæ нысанмæздæхтæй спайда кæна фермер», – зæгъы Роберт.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.