1918 азы Сачхереты районы гуырдзиаг хъæуты зæхкусджытæ растадысты Гуырдзыстоны меньшевикон хицауады ныхмæ. Фæлæ сæм меньшевикты æфсад куы бацыд, цæмæй сæ æрсабыр кодтаиккой, уæд, нымæцæй бирæ фылдæр кæй уыдысты, уымæ гæсгæ зæхкусджытæн се уонджы мигъ бадын райдыдта æмæ сфæнд кодтой, цы уæззау уавæры бахаудысты, уыцы уавæрæй ирæтты фæрцы фервæзын. Зыдтой йæ ирæттæ мæсты кæй сты меньшевикты æфсадмæ, æмæ сын, зæгъгæ, уадз, уыдон асæттой сæ тых… Растадонтæй цалдæр лæджы делегатты хуызы рарвыстой Хахет, Дзалабет, Теделет, Синагур, Цъон, Часавал æмæ Хъемултайы хъæуты цæрджытæм, цæмæй сæ фарсмæ балæууой æмæ иумæ схæцой меньшевикты æфсады ныхмæ.

Сачхереты районы Даркъауы хъæуы организацигонд æрцыдис партизанты штаб. Штабæн политкамиссарæй æвзæрст æрцыд Джиоты Гега, партизанон къорды хистæрæй Хуыгаты Доментъи, иумæйаг æфсæддон разамонæгæй та Джиоты Алыксандр. Æнæхъуаджы сæ нæ бавæрдтой ныфс сачхереттæгтæ – ирон партизанты къорд дыууæ мæйы бæрц фæхæцыдис меньшевикты æфсады ныхмæ, скуынæг кодтой бирæнымæц салдæттæ æмæ офицерты, уыцы нымæцы штабс-капитан Брегвадзе æмæ булкъон Абашидзейы.

Ноджы сæм æххуысмæ фæзынд Харебаты Исахъы хæстон къорд æмæ уæд бынтон фæныфсджын сты ирон растадонтæ. Хъуамæ абырстаиккой Сачхеретмæ, цæмæй йæ ссæрибар кодтаиккой меньшевиктæй, фæлæ тохы тæккæ райдианы Харебаты Исахъ мæлæтдзаг цæф фæцис æмæ сæ бахъуыд фæстæмæ алæууын.

Ноджы ма сæ бахъыгдардта иу ахсджиаг хабар. Партизанты къордмæ Синагурæй æрцыдысты Хуссар Ирыстоны Национ Советы уæнгтæ æмæ сын бамбарын кодтой, цæмæй иууылдæр рацыдаиккой Хуссар Ирыстоны арæнтæм. Уымæн æмæ уыцы рæстæджы меньшевикон хицауад скъуыддзаг кодта Хуссар Ирыстоны бынтондæр скуынæг кæныны фарст æмæ хъуыд сæ ныхмæ æрлæууын.

1919 азы, стыр хæстмæ цæттæ кæнгæйæ, гуырдзиаг афтæхуыйнæг меньшевиктæ алы æфсæнттæй Хуссар Ирыстоны райдыдтой адæмæй хæцæнгæрзтæ исын. Сусæг-æргомæй зылдысты ирон дæластæрдон къордты активондæр архайджыты фæдыл. Уыдон дæр, иугай сæ куы скуынæг кæной æмæ сæ позицитæ бынтон куы слæмæгъ уой, уымæй тæрсгæйæ сæхи рæстæгмæ айстой Цæгат Ирыстонмæ. Иу азы фæстæ Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд ирон бригадæ, командирæй йын сæвзæрстой Гаглойты Сергийы, фыццаг полчъы командирæй снысан кодтой Санахъоты Матейы, дыккаг полкъæн та –  Беккуызарты Тасолтаны.

Майы фæудты араст сты Хуссар Ирыстонмæ меншьевикты ныхмæ тохмæ. Зæрæмæджы æрулæфыдысты æмæ уым сарæзтой размæбырсты план дæр. Батальоны командир Джиоты Алыксандр, Æлборты Къизо æмæ Джиоты Гегайæн бахæс кодтой, цæмæй иу къордæй ахызтаиккой Дзедойы æфцæгыл, ныххызтаиккой Къозмæ æмæ Часавал, Цъон æмæ Теделеты комы асыгъдæг кодтаиккой меньшевиктæй. Полчъы иннæ батальонтæ та æрвыст æрцыдысты иннæ æфцгуытыл ныххизæнтæм.

Джиоты Алыксандры къорд дыккаг бон ныххæццæ бынатмæ æмæ меньшевикты фæсырдтой, Часавал, Цъон, Теделет æмæ Хъемултайæ. Æлборты Къизойы къорд уацары ракодта дыууадæс бурнымæтджыны æмæ сæ Дзауы штабмæ арвыста.

12 июны меньшевикты æфсæдтæ сæ тыхтæ баиу кæнгæйæ сарæзтой контрразмæбырст. Афсæрстой Ирыстоны хъæутыл æппындæр никæуыл æмæ ницæуыл ауæрдгæйæ. Æгъатырæй мардтой зæрæдты, сылгоймæгты æмæ сывæллæтты, цæмæндæриддæр судзæн уыд, уыдоныл иууылдæр арт æндзæрстой.

Къуыдаргомы растадонты штабæй Джиоты Алыксандры къорды хæстонтæ æртæйæ ацыдысты Чъребамæ нæмгуытæ хæссынмæ. Фæлæ куы никуыцæй зындысты, уæд Алыксандр йæхæдæг араст Чъребамæ, цæмæй базыдтаид, цы сыл æрцыд, уый. Ерцъойы рагъмæ куы схæццæ, уæд фембæлд йæ хæстонтыл. Уыдонмæ уыд иу асыччы дзаг нæмгуытæ. Радзырдтой йын меньшевикты контрразмæбырст æмæ æгъатыр фыдракæндты тыххæй. Æхсæвы æрлæууыдысты Цъоны.

 Дыккаг бон базыдтой, меньшевиктæ бырсын кæй райдыдтой Къуыдаргомы ‘рдæм здæхты дæр. Уыцы бон Леуан Гамхърелидзейы æфсад райдыдта размæбырст Сачхереты ‘рдыгæй. Бацахста æмæ ныффалгæрон кодта Хахет, Синагур, Теделет, æмæ Дзалабеты хъæутæ æмæ дыккаг бон та араст сты Цъонмæ.

Диссаг куыднæ у, æвæдза… Гуырдзиаг историктæ æмæ политикон архайджыты кой ма чи кæны, фæлæ дыууынæм азы геноцид æрмæстдæр  меньшевиктæ æмæ большевикты ‘хсæн хæстыл чи нымадта, уыцы ирон æмæ æндæр нациты историкты афтæ цæмæннæ искуы исчи бафарста: кæд уый геноцид нæ уыд, фæлæ меньшевиктæ æмæ большевикты ‘хсæн хæст, уæд ирон хъæутæм æххуысмæ чи фæсидт, Сачхереты районы уыцы гуырдзиаг хъæутæй иу дæр æфхæрд цæмæннæ баййæфта,  уыцы гуырдзиаг растадонтæй иу лæджы уæддæр цæмæннæ бахъыгдардтой, иу гуырдзиаджы уæддæр цæ-мæннæ æрцахстой, иу гуырдзиаг хæдзар æфсонæн уæддæр цæмæннæ басыгътой?..

Цъонмæ куы бахæццæ сты, уæд адæм рацыдысты сæ размæ æмæ сæм бахатыдысты, цæмæй сын сæ хъæутæ ма басудзой. Гамхърелидзе сын ныфс бавæрдта ахæм дзырдæй, кæд Джиоты Алыксандр уым разына æмæ сæ къухы бафта, уæд сын ныххатыр кæндзысты æмæ сæ нæ басуддзысты.

Уый размæ изæры цъойнæгтæ цалдæр лæджы арвыстой Алыксандры фæдыл æмæ йæм бахатыдысты, цæмæй аздæхтаид фæстæмæ æмæ сын баххуыс кодтаид. Алыксандр сразы сæ куырдиатыл æмæ аздæхт фæстæмæ. Меньшевиктæ цъойнæгты куы фарстой Алыксандрæй, уæд уый йæ дарæс фæивта æмæ сæм рахызт хуымæтæджы бынæттон цæрæджы хуызы. Райдыдта семæ ныхас кæнын, зæгъгæ, ам революцийæн йæ кой дæр куы ничи кæны, уæд уын цы кæнæм, цæмæн нæм бырсут?..

 Цыдæр диссагæн йæ ныхæстæ бахъардтой Гамхърелидзе æмæ йæ хæстонтæм. Хъæуы æрæхсæвиуат кодтой, иу хæдзар дæр дзы нæ басыгътой, афтæмæй. Райсом Гамхърелидзейы æфсад Цъонæй куы ацыдысты, уæд та Часавалыл Цъоны ‘рдæм Рацъы уезды æфсады иу къорд Булкъон Инцкънелийы разамындæй абырста. Гамхърелидзе йæ размæ рацыд æмæ йын фехъусын кодта, Цъон кæй бацахста æнæхæстæй æмæ йæм бахатыд, цæмæй йе ‘фсад фæстæмæ акæна æмæ хъæу ма басудза.

Булкъон Инцкънели дæр йе ‘фсад фæстæмæ акодта. Гамхърелидзе фæстæмæ Цъонмæ аздæхт æмæ райдыдта бæхтæ æмбырд кæнын. Уыцы рæстæджы йæм æрбацыд Шоропаны уезды милицийы хистæр Къапъанадзе йæ къордимæ æмæ йын райдыдта уайдзæфтæ кæнын, Гуры уезды арæнтæй кæй ахызт уый тыххæй. Гамхърелидзе йын бамбарын кодта, зæгъгæ мын хæсгонд æрцыд, цæмæй Гуры уезды иунæг ирон адæймаджы дæр удæгасæй ма ныууадзон…

Ацы хабæрттæ абоны фæлтæрæн баззадысты Джиоты Алыксандрæн йæхи мысинæгтæм гæсгæ. Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр Гамхърелидзе иннæ хъæуты уæлдай Цъон æнæсыгъдæй цæмæн ныууагъта, уый абоны онг дæр æмбæрстгонд нæу.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.