Зынаргъ æмзæххонтæ! Республикæйы æвзонг цæрджытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын – Сывæллæтты хъахъхъæныны боны цытæн!

Уый у диссаджы бæрæгбон, кæцы йедзаг у хъармдзинад, циндзинад, иууыл æввахс адæймаг – сывæллонимæ ныхас кæнынæй, махæн, ныййарджытæн, зæрдыл лæууын кæны уыцы бæрндзинады тыххæй, кæцы мах хæссæм нæ сывæллæтты раз. Ницы баивдзæн сывæллонæн ныййарæджы уарзондзинад. Бинонты ‘хсæн фидар цæуынц цардуагон принциптæ æмæ хæзнатæ, ныййарджыты æххуыс, зын уавæры сывæллонæн баххуыс кæнын, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сывæллоныл æуæндын, æххуыс кæны нæ сывæллæттæн ныфсджындæр уæвынæн, царды зындзинæдтыл фæтых уæвынæн.

Сывæллæттæ сты нæ хæзна, нæ сомбон, нæ ныфс, æмæ мах хъуамæ æппæт дæр аразæм, цæмæй нæ сывæллæттæ рæзой уарзондзинады атмосферæйы, хъахъхъæд цæуой æгъатырдзинадæй, негативæй, ахуыр кæной æмæ архайой сæ уарзон хъуыддагыл æмæ фидæны суой аккаг ныййарджытæ æмæ сæ бæстæйы æмбæстæгтæ.

Махæн ис курдиатджын сывæллæттæ, мах сæрыстыр стæм уыдоны æнтыстытæй спорты, сфæлдыстады, æмæ мах хъуамæ аразæм æппæт уавæртæ сæ хиреализацийæн, æнæниздзинад бахъахъхъæнынæн, цæмæй схъомыл уа фæрнджын æхсæнад аразджыты фæлтæр, кæцы бындуриуæг кæны гармони æмæ рæстдзинадыл.

Нæ зынаргъ сывæллæттæ! Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ цæст уарзы æнæниздзинад, хорз сæрдыгон улæфт æмæ ног æнæферохгæнгæ тæлмæнтæ, уадз æмæ уæ бæллицтæ сæххæст уæд.

Республикæ Хуссар

Ирыстоны Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.