Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын ирд бæрæгбон – Сывæллæттæ хъахъхъæныны дунеон боны цытæн!

Уый у иууыл хуыздæр æмæ æнæхин сывæллæтты бæрæгбон, кæцы хæссы æрмæстдæр æвæрццаг эмоцитæ. Уыимæ иумæ нын нæ зæрдыл лæууын кæны уыцы бæрндзинады, кæцы мах, хистæр кары адæм, ныййарджытæ, ахуыргæнджытæ хæссæм фидæны рæзгæ фæлтæрæн.

Сывæллон схъомыл кæнын, раст фæндагыл æй слæууын кæнын, йæ курдиат ын среализаци кæнын – бæрнджын æмæ кадджын куыст у. Нæ сæйраг хæс нырыккон зын дунейы – сывæллæтты æбуалгъ митæ, хæст æмæ низтæй аиуварс кæнын, баххуыс сын кæнын зын цардуагон уавæртыл фæтых уæвыны. Мах хъуамæ æппæт тыхтæ дæр радтæм, цæмæй нæ сывæллæттæ рæзой уарзондзинады, кæрæдзиæмбарынады атмосферæйы, цæмæй схъомыл уой цæсгомджын, ахуыр адæм, сæ Райгуырæн зæххы æцæг патриоттæй.

Сывæллæттæ сты нæ бæстæйы фидæн, æмæ уыдоныл аудгæйæ, æххуыс кæнгæйæ æмæ сывæллæтты энерги хъæугæ фæндагыл здæхгæйæ, мах аразæм республикæйы сомбоны интеллектуалон хъомысад.

Зынаргъ сывæллæттæ, мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, амонд, циндзинад, хорз зæрдæйы уаг æмæ хорз сæрдыгон улæфт.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.