Сывæллæтты хъахъхъæныны боны цытæн ивгъуыд къуыри «Спутник»-мæ хуынд æрцыдысты Президенты цур æххæстбарджын минæвар Цхуырбаты Татьянæ, волонтер Дыгъуызты Вадим æмæ Сывæллæтты бартæ хъахъхъæныны фæдыл Советы уæнг иумæйагахуырадон скъола «Альбион»-ы ахуыргæнинаг Джиоты Тимур.

Цхуырбаты Татьянæ лæмбынæг æрдзырдта Сывæллæтты хъахъхъæныны æппæтдунеон боны нысаниуæджы тыххæй, нæ республикæйы цæрæг æвзонг цæрджыты проблемæтыл, семæ баст риссагдæр фарстатыл, сæ бартæ сын хъахъхъæнын куыд хъæуы æмæ сæм хистæртæ сæ хъус куыд хъуамæ дарой: «Бинонты хæзна сты сывæллæттæ! Сæ фæзындимæ цард аивы, ныййарæгыл ис стыр хæс, кæцы  комкоммæдæр баст у сабийы фидæнимæ. Рæвдыдхъуаг æмæ фæкæсынхъуаг ма хъуамæ уа сывæллон, науæд æмхиц вæййы галиу митæм. Мах сæрыстыр стæм нæ курдиатджын кæстæртæй, нæ сабиты æнтыстытæй, уыдон хайад цы æхсæнадæмон конкурсты æмæ турнирты райсынц, уым, фылдæрхатт, свæййынц уæлахиздзаутæ. Хицауады æрдыгæй арæзт цæуы тынг бирæ, цæмæй рæзой æппæтварсонæй. Фæлæ ис ахæм сабитæ, кæцытæ баззадысты æнæхъусдард. Ам сæйраг ролы хъазынц, фыццаджыдæр, ныййарджытæ. Ныртæккæ нæ республикæйы дзæвгар ис, райгуырдæй сахъат чи сты, ахæм сабитæ. Уыдонæн Хицауад дæтты æнæаргъæй хостæ, коляскæтæ. Фæлæ ахæм сывæллæттæ, фактон æгъдауæй, сты хæдзары уацары. Нæй сын уавæртæ æхсæнадмæ цæуынæн. Фыццаг рады саразын хъæуы пандустæ æмæ æрмæст фатертæм нæ, фæлæ ма социалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм бынæттæм дæр. Ныййарджыты арæх фæфæрсын, сæ рынчын сабиты тезгъо кæнынмæ цæмæннæ фæкæнынц? Уыдон куыд зæгъынц, афтæмæй æхсæнад цæттæ нæу рынчын сывæллæттæм. Ацы стереотиптыл ныффæлдахын хъæуы дур. Уымæй дарддæр нырма бирæ ис æндæр проблемæтæ дæр. Бирæ рынчын сывæллæтты бинонты сифтонг кæнын хъæуы цæрæнуатæй.

Уый ма зæрдыл æрлæууын кодта, æрæджы фæстаг дзæнгæрæг куы уыд иумæйаг ахуыргæнæндæтты, уæд нæ горæты цы æнамонд цау æрцыд, уый. «Ныртæккæ дæр уыдон сты,  рынчындоны, сæ цардæн кæд æдас у, уæддæр сæм æнхъæлмæ кæсы вазыгджын операцитæ. Ам стыр хæс ис ныййарæгыл. Цыппæрдæсаздзыд æнахъоммæ машинæ цæмæн радтой? Ноджыдæр ис хистæр кары сывæллæтты ‘хсæн иу проблемæ – электронон сигареттæ. Мах уадзæм фембæлдтытæ хистæр кълæсты ‘хсæн барадхъахъхъæнæг органтимæ иумæ. Архайæм, æмбарын кæнæм се ‘нæниздзинадæн сын зиан кæй хæссынц. Мæнмæ гæсгæ сывæллæтты нæ хъæуы интернеты бæрны уадзын. Хъæуы бакусын социалон программæтыл. Ацы хъуыддаг ныртæккæ нæ республикæйы ис тынг ныллæг æмвæзадыл. Куыннæ æркæсæм фæсивæды хъуыддæг-тæм, уæд нæ проблемæтæ кæндзысты фылдæрæй-фылдæр», – дзырдта сывæллæтты обудсмен.

СЫВÆЛЛÆТТÆ – НÆ СÆЙРАГ АУДИНАГ

Дыгъуызты Вадим, кæцы кæны волонтеры куыст æмæ æххуыс кæны рынчын сывæллæттæн, радзырдта йæ архайды тыххæй. «Мæ фыццаг фæлварæн ацы хъуыддаджы райдыдтон ивгъуыд аз. Уæд æгас Ирыстон – Цæгаты дæр æмæ Хуссары дæр баиу сты æмæ сæ хъус дардтой, чысыл Бадойты Зæринæйы хъысмæтмæ. Мæ зонгæ мæм æрбахатыд, цæмæй бацархайон нæхимæ магазинты асыччытæ сæвæрыныл, æмæ рынчын чызгæн æхцайы фæрæзтæ æрæмбырд кæныныл. Уыцы бон социалон хызæджы ныффыстон, цæмæй мын исчи баххуыс кæна хъæдын асччытæ аразынæн. Уадид мæ фарсмæ æрбалæууыдысты «Иууон Алани»-йы фæсивæды минæвæрттæ æмæ хъæдæрмæджы цехы кусæг Болататы Радион. Цыбыр рæстæгмæ сцæттæ сты асыччытæ æмæ æрæмбырд иу милуан сомы бæрц. Кæй зæгъын æй хъæуы, Бадойты бинонтæ стыр бузныгæй баззадысты Хуссар Иры цæрæг адæмæй. Мах дарддæр кодтам нæ хæрзаудæн куыст, фæлæ Бадойты бинонтæн разынд хæрзгæнæг, кæцы сын сæхгæдта æмткæй сæ хыгъд, æмæ уæд мах уыцы æхцайы фæрæзтæ радтам æндæр рынчынæн – Кокойты Олегæн, – радзырдта Дыгъуызты Вадим.

СЫВÆЛЛÆТТÆ – НÆ СÆЙРАГ АУДИНАГ

Вадим æмæ йе ‘мбæлттæ ацы куыст кæнынц дарддæр дæр æмæ сæ зæрды ис хæрзаудæн фонд саразын, цæмæй уырдæм цы ‘хцайы фæрæзтæ цæуа, уыдонæй æххуыс кæной рынчын сывæллæттæн.

Сывæллæтты æхсæнадон советы сæргълæууæг Джиоты Тимур дæр æрдзырдта, скъолайы кары сывæллæттæ цы проблемæтыл фембæлынц, уыдæттыл. «Хатт мах нæ фембарынц хистæртæ. Уыцы нысанæн сарæзтам æхсæнадон совет. Дыууæ мæйы иу хатт æрæмбырд вæййæм æмæ æрдзурæм иууыл риссагдæр фарстатыл. Архайæм, цæмæй хистæр кары сывæллæтты проблемæты фæрсты ма хизæм», – дзырдта Джиоты Тимур.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.