Цытджын сылгоймæгтæ! Зынаргъ мæдтæ!

Абон Республикæйы нысан цæуы Мады бон. Ацы бæрæгбон у зæххыл алы цæрæгæн дæр иууыл зынаргъдæр æмæ æввахсдæр адæймагæн цыт æмæ уарзты æнкъарæнтæ æвдисыны бæрæггæнæн.

Æппæт рæстæджыты дæр Ирыстоны сæ сæрæй ныллæг куывтой мады, хæдзары артдзæст хъахъхъæнæджы, фæлгонцы раз.

Мад уæвын у стыр бæрндзинад, æвæллайгæ куыст æмæ æнувыдæй йæ сывæллæттыл аудын. Нæй сыгъдæгзæрдæдæр, фæлмæндæр ахастытæ саби æмæ мады ‘хсæн ахастытæй.

Уæлдай бузныджы ныхæсты аккаг сты уыцы сылгоймæгтæ, кæцытæ иу кæнынц мады хæстæ нæ бæстæйы фæллойадон, æхсæнадон æмæ политикон царды активон хайадистимæ.

Мах нæ сæртæ къул кæнæм уыцы сылгоймæгты æхсардзинады раз, кæцытæ схъомыл кодтой хъайтар лæппутæ æмæ чызджыты æмæ агрессийы азты хъахъхъæдтой сæ райгуырæн бæстæйы. Хæстон уæззау рæстæджы, нæ адæмы куы бахъуыд æппæт сæ тыхтæ æмæ æхсардзинад Фыдыбæстæ бахъахъхъæнынмæ смобилизаци кæнын, сылгоймæгтæ-мæдтæм æрхаудта сæ сывæллæтты тыххæй æдзух тыхстдзинад æвзарын, кæцытæ сæ къухты хæцæнгарз, афтæмæй тох кодтой Райгуырæн бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл. Райгуырæн бæстæйыл сæ æнувыддзинад æмæ æххуыс стыр ныфс уыдысты Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджытæн.

Ацы зæрдылдарæн бон зæрдæбынæй мæ цæст уарзы сылгоймæгтæ-мæдтæн æнæниздзинад, амонд æмæ бинонты фæрныгад. Уадз, уæ цæстыты макуы ахуыссæт мидбылхудт æмæ циндзинад, уæ царды та фылдæр аххосæгтæ уæт уæ сывæллæттыл цин кæнынæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ТЫБЫЛТЫ Леонид

 

* * *

Хуссар Ирыстоны цытджын мæдтæ!

Айсут мæ иууыл хуыздæр æмæ зæрдиагдæр арфæтæ диссаджы бæрæгбон – Мады боны цытæн!

Мадæн нæ адæммæ кæддæриддæр уыд стыр аргъ æмæ цыт. Хуссар Ирыстоны мæдтæ, архайынхъом, активон царды позици кæмæн ис, уарзæгой æмæ аудгæ чи у, сæ фæллой, мад уæвыны хæс æмæ равзаргæ куыстыл æнувыддзинады руаджы бирæ ирд фæрстæ ныффыстой нæ Республикæйы азфысты. Мах цы бæрæгбон нысан кæнæм, уый у нæ бæстæйæн аккаг фырттæ æмæ чызджытæ чи схъомыл кодта æмæ кæны, уыцы мæдты сгуыхтдзинадæн стыр кад скæныны нысан. Абон, бирæ адæймагон æргъадтæн ногæй аргъ лæвæрд куы цæуы, гæнæн цæмæн нæ уыд, уымæн амал куы ис, уæд фыццаг планмæ рахызт рæзгæ фæлтæры идейон-хæрзнамысон хъомылады хъуыддаг. Ацы хæс аскъуыддзаг кæныны хъуыддаджы аргъ скæнæн дæр нæй мады нысаниуæгæн, уымæн æмæ уый рæзын кæны йæ хъæбулты монондзинад.

Бузныг уын уæ иугъæдон æмæ иузæрдиондзинады тыххæй, уарзын кæй зонут æмæ уе ‘ввахс адæмæн цин хæссын, Республикæйы чысыл æмæ стыр хъуыддæгты уæ хайадисты тыххæй. Стыр бузныг уын уæ цæстуарзон æмæ удуæлдай фæллойы тыххæй, уæ хъæбултæ æмæ уе ‘ввахс адæммæ уæ аудгæ ахасты тыххæй. Фарн æмæ удæнцой, æнæниздзинад æмæ æнтыстæй хайджын ут.

РХИ-йы Парламенты Сæрдар БИБЫЛТЫ Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.