Зынаргъ сылгоймæгтæ, нæ зынаргъ мæдтæ!

Айсут мын мæ зæрдиаг арфæтæ иууыл хъармдæр æмæ зæрдæмæхъаргæдæр бæрæгбон – Мады боны цытæн!

Мад – уый у фыццаг ныхас, кæцы сывæллон фæзæгъы мидбылхудгæ. Уыцы ныхасы мидæг ис рæсугъддзинад, уæздандзинад, уарзт, фыдыуæзæджы рухс æмæ хъармдзинад. Цал азы ныл цæуы, уымæн ницы нысаниуæг ис – мады аудгæ ныхас, йæ узæлгæ бакаст æмæ куырыхон зондамынд мах алкæд дæр хъахъхъæны, зындзинæдтæ æмæ нæ фыдбылызтæй хъахъхъæнггæйæ æмæ æнтыстытыл æууæндгæйæ.

Бузныг дæн, ныййарæджы хæстæ бæстæйы æхсæнадон æмæ политикон царды активон архайдимæ чи иу кæны, уыцы сылгоймæгтæй се ‘ппæтæй дæр. Мæ сæрæй ныллæг кувын мады хъайтардзинады раз, кæцы схъомыл кодта хъæбатыр фырттæ æмæ чызджытæ, кæцытæ æд хæцæнгарз бахъахъхъæдтой Республикæ Хуссар Ирыстоны сабырдзинад æмæ хæдбардзинад.

Уæлдай бузныджы ныхæстæ зæгъын мæ фæнды бирæсывæллонджын мæдтæн æмæ сахъатджын сывæллæттæ чи хъомыл кæны æмæ дуне хуыздæр æмæ рæсугъддæр чи кæны, уыдонæн.

Мæ сæрæй уын ныллæг кувын æмæ уæ дæн æгæрон бузныг!

Зæрдиагæй мæ фæнды сымахæн æнæниздзинад, амонд æмæ бинонты фæрныгад, бирæ азы цæрæнбон æмæ царды хæрзиуджытæ!

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент 

БИБЫЛТЫ Анатоли

 

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны зынаргъ мæдтæ, нанатæ!

Айсут мын мæ зæрдиаг арфæтæ рæсугъд, хъарм æмæ уæздан бæрæгбон – Мады боны цытæн.

Ацы диссаджы бæрæгбон мах арфæ кæнæм æппæт мæдтæн, нанатæн, сывæллæттæ, зæнæджы зæнæг чи хъомыл кæны, уыдонæн æмæ сын зæгъæм стыр бузныг сæ тæригъæдгæнаг æмæ хæлар зæрдæйы, быхсындзинад æмæ аудындзинады сæраппонд.

Мады сурæт махæй алчидæр бæтты æнкъарæг æмæ хæларзæрдæимæ, хиуыл нæауæрдгæ æмæ æгæрон уарзтимæ. Мад мах кæддæриддæр бахъахъхъæндзæн æмæ нæ раст фæндагыл бафтаудзæн, зын сахат нæ фарсмæ балæудзæн,  хæдзары схъарм æмæ срæсугъд кæндзæн. Мад  йæ сывæллæтты хъомыл кæны, дæтты сын культурон æмæ идейон-хæрзæгъдаудзинады хъомылад, кæцыйыл баст у æрмæст бинонты фæрныгад нæ, фæлæ не ‘взонг республикæйы фидæн дæр.

Хуссар Ирыстоны мæдтæн мæ зæрдиагæй фæнды фидар æнæниздзинад, амонд, хæрзиуджытæ.

Мæ зæрдæ уын зæгъы удæнцойдзинад, хæлардзинад æмæ куырыхондзинад. Уадз уæ сывæллæттæ уын се ‘нтыстытæй уæ зæрдæтæ рухс кæнæнт, уæ фыдæбæттæн уын аргъ кæнæнт æмæ уæ сæрыстыр уæнт.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.