Республикон политикон парти «Иууон Ирыстон»-ы Централон комитеты рабадт уагъд æрцыд сабаты Цхинвалы. Партийы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй, боны фæткы сæйраг фарст уыд VII съезды бынат æмæ йæ ауадзыны бон сфидар кæнын.

Рабадты райдианы Централон комитеты уæнгтæ схъæлæс кодтой бавдисгæ боны фæткыл. Уыдон æмхъæлæсæй сразы сты РПП «Иууон Ирыстон»-ы VII съезды бынат æмæ ауадзыны бон сфидар кæныныл. Рабадты боны фæткы ма уыд РПП «Иууон Ирыстон»-ы регионалон хайадтæй делегатты бæрцы фарст æмæ ма афтæ æндæр фарстатæ дæр.

Банысан кæнын хъæуы, радон рабадты, кæцы уагъд æрцæудзæн æввахс бонты, РПП «Иууон Ирыстон»-ы Централон комитеты уæнгтæ кæй уынаффæ кæндзысты съезды боны фæткыл æмæ æндæр организацион моменттыл.

Парти «Иууон Ирыстон»-ы съезд   уагъд  æрцæудзæн   31-æм  марты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.