Зынаргъ скъоладзаутæ æмæ студенттæ! Цытджын ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын ног ахуыры азы райдианы æмæ Зонындзинæдты боны цытæн!

Абон фыццагкъласонтæ, студенттæ-фыццагкъурсонтæ аразынц фыццаг къахдзæфтæ зонын-дзинæдты дунемæ. Цард йæ ивындзинæдтæ хæссы, фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, абон мах нысан кæнæм диссаджы бæрæгбон, кæцы гом кæны зонындзи-нæдтæм фæндаг æмæ дæтты фæндаг ног фадæттæ æмæ æнтыстытæн. Нырыккон дуне ивы тагъд æмæ, цæмæй уыимæ æмдзу кæнæм, уый тыххæй хъæуы зонындзинæдтæ æмæ профес-сионалон фæлтæрддзинад.

Уæлдай бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын ахуыргæнджытæн. Уæ быхсындзинад, зонын-дзинæдтæ, ахуырдзаутимæ иумæйаг æвзаг ссарыны курдиатыл баст у, ахуырдзау куыд бамбардзæн ахуырадон æрмæг, арæх уæ æндæвдадæй фидар цæуынц принциптæ, кæцытыл  сывæллон хæст вæййы æнæхъæн цард. Сусæггаг нæу, хорз, аккаг ахуырдзинад кæй у хиреализацийы сæйраг уавæр æмæ æнтыстджын карьерæйы бындур.

Мæ цæст уын уарзы, зынаргъ скъоладзаутæ æмæ студенттæ, æнтыстджын ахуыр æмæ хорз æмгæрттæ, сымахæн та, зынаргъ ахуыргæнджытæ – быхсындзинад, куырыхондзинад æмæ ног профессионалон æнтыстытæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.