16 июны нæ республикæйы медицинон кусджытæ банысан кодтой сæ професионалон бæрæгбон. Уый фæдыл сын раарфæ кодта  РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли.

Арфæйы дзырдæуы:

Æнæниздзинады къабазы зынаргъ кусджытæ!

Айсут мæ зæрдиаг арфæтæ уæ професионалон бæрæгбон – Медицинæйы кусæджы боны цытæн.

Абон мах кад кæнæм, сæхи æппæты гуманондæр æмæ уæздандæр куыстæн чи снывонд кодта, уыдонæн. Ацы куыст ма арф зонындзинæдтæ æмæ куыстуарзондзинадæй дарддæр домы хæрзæгъдаудзинад, цырддзастдзинад æмæ зæрдæрисдзинад дæр. Алы бинонты амонд æмæ æнтыст дæр, сæйраджыдæр, у сымахæй кæнгæ.

Æнæниздзинады фадыджы райрæзт æмæ эффективондзинад фæбæрзонддæр кæнын у Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады сæйрагдæр хæстæй сæ иу. Фыдыбæстæйон медицинæ сфидар кæнын æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны къабазы ногдзинæдтыл  бакусыны фæстиуæгæн нæ республикæйы фæзындысты карз низтæ рафæлгъауын æмæ сын схос кæныны фадæттæ. Стыр хъусдард здæхт æрцыд квалификацион кадртæ бацæттæ кæныны фарстмæ, дæрддаг цæрæн пунктты цæрджыты медицинон æххуысæй сифтонг кæныны уавæртæм.

Стыр бузныг уын уæ професионалондзинады, фæразондзинад æмæ хиуылхæцындзинады тыххæй.  Уырны мæ, сымах медицинæйы уæ размæ кусджыты кадджын традицитыл кæй ауддзыстут, кæй  дардзыстут  æнувыд ахаст уæ куыстмæ æмæ æнæзæрдæхудтæй кæй кусдзыстут адæмы хæрзиуæгæн.

Ацы бæрæгбон уын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ дарддæры æнтыстытæ!

Сабырад æмæ хæрзиуджытæ сымахæн æмæ уе ‘ввахс адæмæн!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.