Политикон парти «Иууон Ирыстон» ауагъта йæ 7-æм съезд

Ивгъуыд куырийы Парламентон æвзæрс-тытæ куыд фенын кодтой, афтæмæй политикон партитæй фылдæр хъæлæстæ райста «Иууон Ирыстон». Бæрæг куыд у, афтæмæй йæ радон съезды фыццаг хай ауагъта æвзæрстыты агъоммæ. Ныр та  16-æм июны парти ауагъта VII съезды дыккаг хай, цыран арæзт æрцыд хыгъд партийы бакæнгæ куысты тыххæй. Кадджын уазæджы хуызы съездмæ хуынд æрцыд Президент Бибылты Анатоли.

Уый раарфæ кодта партийы уæнгтæн, æвзæрстыты кæй фæуæлахиз сты, уый сæраппонд. Банысан кодта, æвзарджыты фылдæр кæй равзæрстой, дыууæ Ирыстоны баиу кæныны фарс цы политикон тыхтæ сты, уыдоны.

Бæстæйы сæргълæууæг загъта, зæгъгæ, политикон тыхтæ, кæцыты фæнды, цæмæй Хуссар Ирыстон рæза куыд хæдбар паддзахад, афтæ, нæ æрæмбырд кодтой бирæ хъæлæстæ. Æвзарджытæн сæ фылдæр хъæлæс радтой «Иууон Ирыстоны» тыххæй.

«Сымах радон хатт сбæлвырд кодтат, Хуссар Ирыстоны адæм уе ‘вварс кæй хæцынц, æууæндынц уыл æмæ уæм æнхъæлмæ кæсынц ног æнтыстытæм. Фидарæй мæ уырны, парти «Иууон Ирыстонæй» алы депутат дæр æнгом куыст кæндзæн, Парламентмæ цы политикон тыхтæ бацыдысты, уыдонимæ, цæмæй куыст цæуа æмæ ист æрцæуа ахæм уынаффæтæ, кæцытæ фадат дæтдзысты нæ адæмы хæрзæбонæн ноджы фылдæр саразынæн», – загъта Бибылты Анатоли.

Парламентон æвзæрстытыл дзургæйæ, Президент банысан кодта, зæгъгæ, æвзæрстыты агъоммæ рæстæджы парти «Иууон Ирыстон» чъизи мадзæлттæй нæ архайдта.

«Сымах уæ архайды райдианæй фæстæмæ нæ ахызтыстут, адæм уæм цæмæ æнхъæлмæ кастысты, уымæй, алы хатт дæр уыдыстут адæмимæ, зонут сын сæ проблемæтæ æмæ сæ скъуыддзаг кæнут», – банысан кодта Президент.

Паддзахады сæргълæууæг фæндвидарæй банысан кодта, зæгъгæ, партийы дарддæры къахдзæфтæй бæрæг уыдзæн адæмимæ иудзинады, адæмæн æххуыс кæныны курс, парти «Иууон Ирыстон»-ы депутатты æрдыгæй та уыдзæн, адæмы хæрзæбонæн кæй кусынц, уый тыххæй дырыс æмбарынад.

«Махæн не ‘хсæнад чысыл у, æмæ алчи дæр уыны, парти кæнæ алкæцы депутат дæр цы аразы, уый. Уый тыххæй ног сæвзæрст æппæт депутаттæм дæр æз ногæй сидын, цæмæй куысты рæстæджы уыдон къухдариуæг кæной адæмы интерестæй, республикæйы интерестæй æмæ не ‘хсæнады æрбангом кæныны принциптæй», – бахахх кодта Бибылты Анатоли.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, йæ ныфс ис, «Иууон Ирыстон»-ы партийæн дарддæр дæр фадат кæй уыдзæн æнтыстджын куыстæн.

«Уырны мæ, партийæн фадат уыдзæн не ‘хсæнады ноджы тынгдæр æрбангом кæнынæн, уый тыххæй уæ бузныг дæн, уымæн æмæ æз афтæ нымайын, æмæ фыццаг рады сымах æххуыс кæнут мæнæн, куыд республикæйы Президентæн», – загъта Бибылты Анатоли.

Партийы сæргълæууæг Тадтаты Алан æвзæрстыты фæуæлахизы цытæн партионтæн раарфæ кæныны æмæ сын сæ бакæнгæ куысты тыххæй бузныг зæгъыны фæстæ банысан кодта, зæгъгæ, «кæд партийы ныхмæ бирæтæ цыдысты, бирæтæ йæ критикæ кодтой, уæддæр сын партийы кад дæлæмæ не ‘руадзгæйæ, бафæрæзтам æмæ нын Парламенты ис 14 бынаты».

«Сæхи сæхæдæг чи раразмæ кодта, уыдонæй ныридæгæн æртæйæ фехъусын кодтой, нæ партийы æвварс кæй сты æмæ сæ нæ фракцимæ баиу уæвын кæй фæнды, уый тыххæй. Мæн уырны, сæ нымæц кæй фæфылдæр уыдзæн, уый», – загъта Тадтаты Алан.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, парти адарддæр кæндзæн, нырмæ дæр цы фæндагыл лæуд уыд, уый.

«Æз уын фидарæй зæгъын уый, æмæ партийæн цы курс уыд, уый нæ фæивдзæн, мах дарддæр дæр хæцдзыстæм уыцы курсы фарс. Мах дарддæр дæр хæцдзыстæм нæ Президенты фарс, уымæн æмæ, фæстаг дыууæ азы дæргъы цы позитивон ивындзинæдтæ æрцыд нæ республикæйы, уыдæттæ уынгæйæ, махæн нæ бон нæу, цæмæй адæмы хæрзæбонæн цы куыст кæны, уый фарс ма хæцæм», – банысан кодта политикон парти «Иууон Ирыстон»-ы сæрдар.

Уый фæстæ мандатон къамис фехъусын кодта, зæгъгæ, съезды регистраци æрцыд 250 делегаты, уынаффæ райсыны тыххæй та фаг у 150 делегаты. Афтæмæй съездæн йæ бон у, цæмæй райса уынаффæтæ.

Боны фæткы уыд цалдæр фарсты. Сусæг хъæлæсæппæрсты руаджы съезды делегаттæ аскъуыддзаг кодтой республикон политикон парти «Иууонд Ирыстон»-ы Централон Комитеты æххæстбартæ æмгъуыдæй раздæр æруромын. Афтæмæй съезды уынаффæйæ Централон Комитеты скондæн йæ куыст урæд æрцыд.

Тадтаты Алан куыд бамбарын кодта, афтæмæй партийы Централон Комитеты сконды уæды онг уыд 21 адæймаджы. «Уыдон бирæ кæй уыдысты, уый тыххæй сæ нымæц æрхауд 11 адæймаджы онг».

Партийы сæрдар фехъусын кодта кандидатты номхыгъд (республикон номхыгъдæй авд адæймаджы), кæцытæ бацыдысты партийæ æвдæм æрсидт Парламентмæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, уыцы номхыгъдæй иуæй-иу депутаттæ куырдиæттæ ныффыстой сæ депутатон мандаттæ радтыны тыххæй. Уыдон сты республикон рынчындоны сæйраг дохтыр Кокойты Маирбег, ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим, Национ политикæ, культурæ, ахуырад, зонад, дин æмæ дзыллон информацион фæрæзты фæдыл комитеты сæрдар Гæбæраты Юри. Сæ мандаттæ лæвæрд æрцæудзысты, Централон æвзарæн къамисмæ парти цы номхыгъд балæвæрдта, уыдонæй сæ фæстæ чи ис, уыцы кандидаттæн.

Бæрæг куыд у, афтæмæй партийы номхыгъды фыццаг ис Тадтаты Алан Сергейы фырт, уый фæстæ цæуынц Бибылты Ацæмæз Æхсары фырт, Гæбæраты Инал Федры фырт, Гасситы Петр Леониды фырт, Уалыты Розæ Сергейы чызг, Габатты Алан Хаджумары фырт æмæ Джиоты Еленæ Æхсары чызг.

Сусæг хъæлæсæппæрстæй съезды делегаттæ иууылдæр хъæлæс радтой кандидатты сфидар кæныны пайдайæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.